Цӕгат Иры COVID-19 рынчыны нымæц схызт 8463 онг – Роспотребнадзор

© Sputnik / Алексей Майшев /  Ахизын медиабанкмæCOVID-19
COVID-19 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыццӕджы рнайсоммӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, фӕрынынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц республикӕйы схызт 8463 онг, хъусын кӕны Роспотребнадзор

ЦХИНВАЛ, 17 ноя – Sputnik. Цӕгат Ирыстоны фæстаг суткæйы рабӕрӕг кодтой 73 фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусон инфекцийӕ, бон раздӕр фехъусын кодтой 72 рынчыны тыххӕй. Дыццӕджы рнайсоммӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц республикӕйы схызт 8463 онг, фехъусын кодта дыццӕджы Роспотребнадзор.

- 448 адӕймаджы сты амбулаторон хоскӕнынады.

- 344адӕймаджы хос кӕнынц республикӕйы медицинон уагдӕтты.

- 7558 адӕймаджы сӕнӕнниз сты.

- 73 адӕймаджы амардысты.

Дунейы бӕстӕтӕй COVID-19 кӕм тынгдӕр апарахат ис, уыцы рейтингы Уӕрӕсе ахсы цыппӕрӕм бынат АИШ, Инди ӕмӕ Бразилийы фӕстӕ.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми.

Ног хабӕртты лентӕ
0