Цæгат Ирыстоны райдыдта турнир аивадон гимнастикæйæ

© Из личного архива Н.ШавлоховойТурнир аивадон гимнастикæйæ
Турнир аивадон гимнастикæйæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Эпидемиологон уавæры тыххæй турнирмæ æндæр горæттæй гимнасткæтæ хуынд не ‘рцыдысты, стæй ма  мадзалы нæ уыдзæн уазджытæ æмæ кæсджытæ

ЦХИНВАЛ, 26 ноя — Sputnik. Цæгат Ирыстоны райдыдта Уæрæсейы сгуыхт тренер Дулайты Казимæйы номыл турнир аивадон гимнастикæйæ, хъусын кӕны 15 регион.

Ерысты архайы 100 спортсменкæйы бæрц.

 Олимп - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы спортивон комплекс "Олимп"-ы бакодтой карантин

"Ацы ерысты æвзæрст цæудзæн республикæйы æмбырдон командæмæ, уый та архайдзæн ЦКФЗ ерысты Налцыччы 2021 азы январы мæйы", —хъусын кӕны портал олимпиаг резервы спортивон скъолайы директор аивадон гимнастикæйæ Таболты Людмилæ.

Уымæй уæлдай ма куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй эпидемиологон уавæры тыххæй турнирмæ æндæр горæттæй гимнасткæтæ хуынд не ‘рцыдысты, стæй ма  мадзалы нæ уыдзæн уазджытæ æмæ кæсджытæ. Уыимæ æппæт санитарон домæнтæ (уыдонимæ маскæтæ дарын) æххæст кæндзысты куыд тæрхонгæнджыты коллеги æмæ тренерты сконд, афтæ гимнасткæтæ дæр.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0