Дзӕуджыхъӕуы трамвай ныццавта сылгоймаджы, уый фӕмард бынаты

© Sputnik / Наталья АйриянДзӕуджыхъӕу
Дзӕуджыхъӕу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Полицийы версимӕ гӕсгӕ, 60-аздзыд машинисткӕ скъӕрдта фӕстӕмӕ ӕмӕ ныццавта сылгоймаджы. Аварийы фӕстиуӕгӕн фистӕгӕй цӕуӕг райста уӕззау цӕфтӕ ӕмӕ фӕмард цауы бынаты

ЦХИНВАЛ, 1 дек — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органтӕ бакодтой уголовон хъуыддаг тамвайы скъӕрӕджы ныхмӕ, кӕцы ныццавта 54-аздзыд сылгоймаджы, хъусын кӕны республикӕйы МХМ пресс-службӕ.

Фӕндагон инцидент ӕрцыд ивгъуыд къуыри Дзӕуджыхъӕуы Николаевы уынгыл.

"Трамвай скъӕрдта 60-аздзыд сылгоймаг, уый цыд фӕстӕмӕ ӕмӕ баскъӕрдта горӕты цӕрӕг сылгоймагыл. Аварийы фӕстиуӕгӕн фистӕгӕй цӕуӕг райста уӕззау цӕфтӕ ӕмӕ фӕмард цауы бынаты", - дзырдӕуы барадхъахъхъӕнӕгуагдоны хъусинаджы.

Фӕдысгарджытӕбакодтой уголовон хъуыддаг, трамвайы скъӕрӕгмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы фондз азы онг ахӕст.

Ног хабӕртты лентӕ
0