Цӕгат Иры Роспотребнадзоры фехъусын кодтой ног бӕрӕггӕнӕнтӕ COVID-19-ы фӕдыл

© Sputnik / Константин Михальчевский /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Пандемийы рӕстӕджы фӕрынынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц республикӕйы схызт 9603 онг, уыдонӕй 8899 сӕнӕниз сты, 77 рынчыны та амардысты

ЦХИНВАЛ, 2 дек — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 79 ног рынчыны. Ӕртыццӕджы райсоммӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, рынчынты иумӕйаг нымӕц схызт 9603 онг.

 Сывӕллӕтты рынчындон Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры "сырх зонӕтӕй" фӕстаг суткӕйы рафыстой 16 пациенты

 - 217 адӕймаджы сты амбулаторон хоскӕнынады.

- 410 адӕймаджы хос кӕнынц республикӕйы медицинон уагдӕтты.

- 8899 адӕймаджы сӕнӕнниз сты.

- 77 адӕймаджы амардысты.

Дунейы бӕстӕтӕй COVID-19 кӕм тынгдӕр апарахат ис, уыцы рейтингы Уӕрӕсе ахсы цыппӕрӕм бынат АИШ, Инди ӕмӕ Бразилийы фӕстӕ.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Коронавирусӕй фӕрынчын сты 63 милуан адӕймагӕй фылдӕр, 1,4 милуан рынчынӕй фылдӕр амардысты.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0