Дзӕуджыхъӕумӕ ӕрцыд "Ногазон трамвай"

Рафыссын
Аив вагон Дӕуджыхъӕуы цӕрджыты ӕмӕ уазджыты бӕрӕгбонон зӕрдӕйы уагыл ӕфтаудзӕн 17 январы онг, ӕрмӕст ын улӕфт бонтӕ уыдзысты 31 декабрь ӕмӕ 1 январь

ЦХИНВАЛ, 28 дек – Sputnik. Цӕгат Ирыстоны столицӕйы фӕзынд "Ногазон трамвай", хъусын кӕны 15-ӕм регион бынӕттон хиуынаффӕйады администрацийы пресс-службӕйыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.

Аив вагон Дӕуджыхъӕуы цӕрджыты ӕмӕ уазджыты бӕрӕгбонон зӕрдӕйы уагыл ӕфтаудзӕн 17 январы онг, ӕрмӕст ын улӕфт бонтӕ уыдзысты 31 декабрь ӕмӕ 1 январь.

Ӕддейӕ трамвай сфӕлыстой ногазон гирляндӕтӕй, салоны та бӕрӕгбонон уаг хъахъхъӕнынц традицион ногазон фильмтӕ.

"Трамвай ӕрвылбон дӕр ацӕуы "26 скъола"-йӕ Къостайы проспектыл 17:00 сахатыл. Фӕстӕмӕ дӕр ӕрбаздӕхы уырдӕм. Боны мидӕг йӕ маршрутыл ӕрзилы дыууӕ хатты", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Ногазон трамвайыл балц у ӕнӕаргъ алкӕцы пассажирӕн дӕр, ӕрмӕст эпидемиологон уавӕры тыххӕй бынӕттӕ уыдзысты арӕнӕвӕрдтимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0