Цӕгат Иры ноджы дыууӕ адӕймаджы амардысты коронавирусӕй

© Sputnik / Татьяна Макеева /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕртыццӕджы райсоммӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, республикӕйы вирусы амӕттӕгтӕ баисты 113 адӕймаджы, афтӕ ма ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй 66 ног рынчыны

ЦХИНВАЛ, 27 янв - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ноджы дыууӕ адӕймаджы ссисты коронавирусы амӕттӕгтӕ. Республикӕйы коронавирусӕй ӕдӕппӕт амардысты 113 адӕймаджы. Афтӕ ма ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй 66 ног рынчыны.

"Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы 27 январы 8:00 сахатмӕ сбӕрӕг кодтой 14 252 (+66 иу суткӕмӕ) фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусон инфекцийӕ", - фехъусын кодтой Роспотребнадзоры.

Фӕрынчынуӕвджытӕй 13 497 адӕймаджы сӕнӕниз сты, 336 сты амбулаторон хоскӕнынадыл, 306 адӕймаджы та цӕуынц хоскӕнынад республикӕйы медицинон уагдӕтты.

Уӕрӕсейы иу суткӕмӕ коронавирус бахӕцыд 18 241 адӕймагыл. Пандемийы рӕстӕджы коронавирусӕй ӕдӕппӕт фӕрынчын сты 3 756 931 адӕймаджы, уыдонӕй 3 174 561 сӕнӕниз сты, 70 486 адӕймаджы та амардысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0