Ирон богал ссис Уӕрӕсейы чемпион греко-римаг хъӕбысхӕстӕй

© 15-й РегионИрон богал ссис Уӕрӕсейы чемпион греко-римаг хъӕбысхӕстӕй
Ирон богал ссис Уӕрӕсейы чемпион греко-римаг хъӕбысхӕстӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.03.2021
Рафыссын
Омскы турниры Теблойты Давид архайдта 65 килограммы уӕзы категорийы – финалон тохы уый рамбылдта спортсмены Адыгейӕ 8:0 хыгъдӕй

ЦХИНВАЛ, 3 мар – Sputnik. Ирон богал Теблойты Давид рамбылдта сыгъзӕрин майдан Уӕрӕсейы чемпионаты греко-римаг хъӕбысхӕстӕй 18 азы кары онг спортсменты хсӕн, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.

Хуссарирыстойнаг каратисттӕ рамбылдтой дыууадӕс майданы ерысты Цӕгат Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.03.2021
Хуссарирыстойнаг каратисттӕ рамбылдтой дыууадӕс майданы ерысты Цӕгат Иры

Омскы турниры Теблойты Давид архайдта 65 килограммы уӕзы категорийы – финалон тохы уый рамбылдта спортсмены Адыгейӕ 8:0 хыгъдӕй.

Афтӕ ма, турниры бронзӕйон призертӕ ссисты Теблойты Даниэль (55 кг), Габиты Сӕрмӕт (71 кг), Цоциты Азӕмӕт (71 кг) ӕмӕ Хуыбиаты Азӕмӕт (92 кг).

Спортсментӕ ерыстӕм цӕттӕ кодтой тренертӕ Гаглойты Уахтанг, Цӕмӕхъаты Нарт ӕмӕ Гудиты Ильяйы къухдариуӕгады бын.

Ног хабӕртты лентӕ
0