Цӕгат Иры ӕртӕ адӕймаджы амардысты коронавирусӕй

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.04.2021
Рафыссын
Бон раздӕр Роспотребнадзоры фехъусын кодтой фондз фӕмардуӕвӕджы тыххӕй коронавирусӕй, пандемийы райдайӕнӕй COVID-19-ы амӕттӕгтӕ баисты 178 адӕймаджы

ЦХИНВАЛ, 9 апр — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны иу суткӕмӕ коронавирусӕй амардысты ноджы ӕртӕ адӕймаджы. Афтӕ ма ивгъуыд суткӕйы COVID-19 сбӕрӕг кодтой 15 адӕймагӕн.

"Цӕгат Ирыстоны 2021 азы 9 апрелы 08.00 сахатмӕ сбӕрӕг кодтой 16 495 фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусӕй (+15 иу суткӕмӕ)", - фехъусын кодтой Роспотребнадзоры.

Фӕрынчынуӕвджытӕй 15 706 сӕнӕниз сты, 178 адӕймаджы та амардысты. Республикӕйы медицинон уагдӕтты хоскӕнынад цӕуынц 43 адӕймаджы, 568 адӕймаджы та сты амбулаторон хоскӕнынады.

Дунейы бӕстӕтӕй COVID-19 кӕм тынгдӕр апарахат ис, уыцы рейтингы Уӕрӕсе ахсы фӕндзӕм бынат АИШ, Инди, Бразили ӕмӕ Францийы фӕстӕ. Бӕстӕйы коронавирусӕй фӕрынчын сты 4 614 834 адӕймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0