Уӕрӕсейы президент раивта Цӕгат Иры сӕргълӕууӕджы

© Sputnik / Александр Кряжев /  Ахизын медиабанкмæСергей Меняйло
Сергей Меняйло - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.04.2021
Рафыссын
Сергей Меняйло 2014 азы апрелӕй 2016 азы октябрьмӕ уыд Севастополы губернатор, 2016 азы июлы та йӕ снысан кодтой президенты ӕххӕстбарджын минӕварӕй Сыбыры федералон зылды

ЦХИНВАЛ, 9 апр — Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин снысан кодта йӕ ӕххӕстбарджын минӕвары Сыбыры федералон зылды Сергей Меняйлойы Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕгӕй, хъусын кӕны РИА Новости.

Афтӕ ма, Владимир Путин бафыста барамынд регионы ныры сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславы йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ отставкӕйы арвитыны фӕдыл.

Биографион справкӕ

Сергей Меняйло райгуырд 22 августы 1950 азы РЦИ-Аланийы горӕт Алагиры.

1983 азы каст фӕцис Кировы номыл Каспийскы уӕлдӕр ӕфсӕддон-денджызон ахуыргӕнӕндон, 1995 азы та адмирал Кузнецовы номыл ӕфсӕддон-денджызон академи. 2004 азы каст фӕцис Уӕрӕсейы Федерацийы Гарзджын тыхты Генералон штабы Ӕфсӕддон академи.

1983 азӕй фӕстӕмӕ службӕ кодта Цӕгаттаг флоты штурманон дӕлхайады командӕгӕнӕгӕй.

1991 азӕй фӕстӕмӕ – денджызон тральщик "Контр-адмирал Власов"-ы командӕгӕнӕг.

1995 азы йӕ снысан кодтой Каспийскы флотилийы науты бригадӕйы штабы хистӕрӕй.

1998-2002 азты – доны районы хъахъхъӕнӕн науты бригадӕйы командӕгӕнӕг.

2009 азы 30 майӕ 2011 азы 22 декабры онг – Сау денджызы флоты командӕгӕнӕджы хӕдивӕг.

2014 азы 14 апрелы УФ президенты барамындӕй Сергей Меняйлойы снысан кодтой Севастополы губернаторы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕгӕй.

2014 азы апрелӕй 2016 азы октябрьмӕ уыд Севастополы губернатор.

2016 азы 28 июлы та йӕ снысан кодтой президенты ӕххӕстбарджын минӕварӕй Сыбыры федералон зылды. 2018 азы 26 июны йӕ ногӕй снысан кодтой ацы бынаты.

Ис ын бинонтӕ, хъомыл кӕны дыууӕ лӕппуйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0