Цӕгат Иры коронавирусӕй амардысты ноджы цыппар адӕймаджы

© Sputnik / Алексей Сухоруков /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.04.2021
Рафыссын
Бон раздӕр республикӕйы коронавирусӕй амардысты цыппар адӕймаджы, пандемийы райдайӕнӕй COVID-19-ы амӕттӕгтӕ баисты 189 адӕймаджы

ЦХИНВАЛ, 15 апр — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы ноджы цыппар адӕймаджы амардысты коронавирусӕй. Афтӕ ма республикӕйы иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй 12 ног рынчыны.

Пандеми - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.04.2021
Хуссар Ирыстоны фехъусын кодтой COVID-19-ӕй ног рынчынты тыххӕй

Фӕрынчынуӕвджытӕй 15 840 сӕнӕниз сты, 189 адӕймаджы та амардысты. Республикӕйы медицинон уагдӕтты хоскӕнынад цӕуынц 45 адӕймаджы, 503 адӕймаджы та сты амбулаторон хоскӕнынады.

Дунейы бӕстӕтӕй COVID-19 кӕм тынгдӕр апарахат ис, уыцы рейтингы Уӕрӕсе ахсы фӕндзӕм бынат АИШ, Инди, Бразили ӕмӕ Францийы фӕстӕ. Бӕстӕйы коронавирусӕй фӕрынчын сты 4 666 209 адӕймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0