Цӕгат Ирмӕ ӕрластой коронавирусы ныхмӕ ног вакцинӕ "КовиВак"

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.05.2021
Рафыссын
Республикӕйы коронавирусӕй ӕдӕппӕт фӕрынчын сты 16 970 адӕймаджы, уыдонӕй 16 516 сӕнӕниз сты, 208 адӕймаджы та амардысты

ЦХИНВАЛ, 27 май — Sputnik. Коронавирусы ныхмӕ ног вакцинӕ "КовиВак"-ы фыццаг парти фӕхӕццӕ кодтой Цӕгат Ирыстоны медицинон уагдӕттӕм. Регионмӕ ӕдӕппӕт ӕрластой 780 дозӕйы, хъусын кӕны телеканал "Осетия-Ирыстон".

Ацы вакцинӕ, куыд ӕндӕр уӕрӕсейаг аналогтӕ, афтӕ у дыууӕкомпонентон. Цыппӕрӕм поликлиникӕйы медицинон хо Абайты Зӕлинӕ куыд банысан кодта, афтӕмӕй ацы вакцинӕйы сӕйраг хицӕндзинад иннӕтӕй у – бавӕрыны уавӕртӕ.

Вакцинацийы райдайӕнӕй цыппӕрӕм поликлиникӕйы прививкӕтӕ сарӕзтой аст минӕй фылдӕр адӕймаджы. Специалисттӕ не сбӕрӕг кодтой вазыгджын фӕрссаг эффекттӕ. Ӕрмӕстдӕр кӕцыдӕр пациенттӕн фӕфылдӕр сӕ буары температурӕ. Вакцинӕ нӕ аразынц фӕфылдӕргонд температурӕимӕ ӕмӕ аутоиммуннон низтимӕ адӕмӕн, афтӕ ма сывӕллӕттӕн ӕмӕ ӕвгъӕддон сылгоймӕгтӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0