Дзæуджыхъæуы скъолатæ хъахъхъæндзысты социалон хызæгты æртхъирæны фæстæ

© Sputnik / Наталья Селиверстова /  Ахизын медиабанкмæПолици
Полици  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.10.2021
Рафыссын
Раздæр социалон хызæгты фæзынд хъусинаг, Цæгат Ирыстоны скъолатæй иумæ кæй хъавынц бабырсын, уый фӕдыл
ЦХИНВАЛ, 7 окт - Sputnik. Дзæуджыхъæуы ахуырадон уагдæттæ хъахъхъæндзысты Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ Росгвардийы минæвæрттимæ иумæ, дзырдæуы Уæрæсей МХМ-йы Цæгат Ирыстоны хайады пресс-службæйы хъусинаджы.
Мадзæлттæ ист цæуынц, Дзæуджыхъæуы скъолатæй иумæ кæй бабырсдзысты, ахæм æртхъирæн социалон хызæгты куы апарахат ис, уый фæстæ.
"Социалон хызæгтæ æмæ мессенджерты апарахат ис информаци ахуырадон уагдоны фыдракæнд саразыны фæдыл", - дзырдæуы уагдоны хъусинаджы.
Цауы фæдыл цæуы сгарæн куыст, цæмæй сбæлвырд кæной æртхъирæн хъусинаджы авторы æмæ йӕ æрцахсой.
Ног хабӕртты лентӕ
0