Цӕгат Иры баныгӕдтой 22 хӕстоны стӕгдартӕ, кӕцытӕ фӕмард сты Стыр Фыдыбӕстон хӕсты

© Пресс-служба МЧС по РСО-АланияЦӕгат Иры баныгӕдтой 22 хӕстоны стӕгдартӕ, кӕцытӕ фӕмард сты Стыр Фыдыбӕстон хӕсты
Цӕгат Иры баныгӕдтой 22 хӕстоны стӕгдартӕ, кӕцытӕ фӕмард сты Стыр Фыдыбӕстон хӕсты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.10.2021
Рафыссын
Уӕрӕсейы алы къуымтӕй рацӕугӕ хӕстонтӕ фӕмард сты Кавказы сӕраппонд тохты – агурджытӕ уыдон стӕгдартӕ ссардтой ацы аз
ЦХИНВАЛ, 21 окт — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны баныгӕдтой 22 хӕстоны стӕгдартӕ, кӕцытӕ Стыр Фыдыбӕстон хӕсты рӕстӕджы хъахъхъӕдтой Кавказы арӕнтӕ, хъусын кӕӕы регионы УУМ пресс-службӕ.
Цхинвалы баннертӕм рахастой Стыр Фыдыбӕстон хӕсты архайджыты хуызисттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.06.2021
Цхинвалы баннертӕм рахастой Стыр Фыдыбӕстон хӕсты архайджыты хуызисттӕ
Саударӕн мадзалы Мӕздӕджы районы хъӕу Предгорноейы хайад райстой бынӕттон администрацийы минӕвӕрттӕ, барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ, ӕхсӕнадон организациты уӕнгтӕ.
Кавказы хъахъхъӕнджыты стӕгдартӕ ссарыны фӕдыл масштабон куыст бакондӕуыд Цӕгат Ирыстоны территорийыл ацы аз.
"Ам, Терчы рагъы бӕрзӕндтыл Мӕхъӕлимӕ арӕныл, 1942 азы цыдысты тугкалӕн тохтӕ. Сӕдӕгай солдаттӕ Уӕрӕсейы алы къуымтӕй ам сӕ цард радтой Стыр Уӕлахизы сӕраппонд", - хъусын кӕны пресс-службӕ Мӕздӕджы районы УУМ хайады сӕргълӕуӕг Сергей Осовины ныхӕстӕ.
Уагдоны ма бафтыдтой, агурӕн мадзӕлттӕ Мӕздӕджы районы кӕй цӕуынц ӕнӕхъӕн азы дӕргъы, къорд "Поиск"-ӕн ӕххуыс кӕнынц коллегӕтӕ ӕндӕр регионтӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0