Джеры Дзуары кӕронмӕ бахӕццӕ сты реконструкцион куыстытӕ

© Архивное фотоДжеры дзуар
Джеры дзуар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕввахс рӕстӕджы райдайдзысты Джеры Дзуары кувӕнбонтӕ ӕмӕ уӕдмӕ Алайнаг епархийы тыхтӕй аргъуан ӕмӕ йӕ алыварс территори ӕрцӕудзысты хӕрзарӕзт.

ЦХИНВАЛ, 6 авг — Sputnik. Джеры Дзуары кӕронмӕ бахӕццӕ сты реконструкцион куыстытӕ, цыппӕрӕмы Алайнаг епархийы минӕвӕрттӕ бафснайдтой аргъуан ӕмӕ йӕ алфамбылай территори, фехъусын кодта Sputnik фыд Яков.

Джеры Дзуары цалдӕр мӕйы дӕргъы уагъд цыдысты цалцӕггӕнӕн-реставрацион куыстытӕ.

"Ӕмбӕлон уагмӕ ӕркодтам дзæнгæрæгдон, сарæзтам ӕмбонд. Сæвӕрдзыстӕм ма уазнывты сис дӕр", — загъта фыд Яков.

Уый ма фехъусын кодта, Джеры Дзуары ма ӕвӕрд кӕй ӕрцӕудзӕн сыгъдӕг Джиуӕрджийы уазныв.

"Уазныв конд уыдзӕн фарфорӕй, аразынц ӕй Мӕскуыйы. Ныфс дӕттынц, сентябрмӕ кӕй сццӕттӕ уыдзӕн", — загъта динамонӕг.

Джеры Дзуар нымад у Хуссар Ирыстоны карздӕр дзуӕрттӕй сӕ иуыл. Азы дӕргъы ардӕм сӕхи фӕдзӕхсынмӕ ссӕуынц мингай адӕймӕгтӕ куыд Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирӕй, афтӕ ма ӕндӕр бӕстӕтӕй дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0