Транскам рӕстӕгмӕ байгом, цыппӕрӕмы фӕндаг ӕнӕхъӕн бон уыдзӕн ӕхгӕд

© Sputnik / Владимир Иванов /  Ахизын медиабанкмæТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар ӕмӕ Цӕгат Иры ӕхсӕн иунӕг фӕндаджы сабаты 15 августы ӕрӕхгӕдта дуры зӕй.

ЦХИНВАЛ, 19 авг — Sputnik. Транскам фӕндагон змӕлдӕн байгом 14.00-ӕй 18.00 сахатмӕ, цыппӕрӕмы ӕнӕхъӕн бон фӕндаг уыдзӕн ӕхгӕд, фехъусын кодтой Sputnik РХИ Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕйы.

Хуссар ӕмӕ Цӕгат Иры ӕхсӕн иунӕг фӕндаг сӕхгӕдтой сабаты 15 августы, дуры зӕйтӕ кӕй рацыд, уый аххосагӕн. Фӕстаг цалдӕр боны фӕндагон змӕлд Транскамы рӕстӕгмӕ байгом вӕййы, бӕлццӕтты ӕдасдзинадӕн тас куынӕ вӕййы, уӕд.

Фӕндаг расыгъдӕг кӕныныл архайыц кусджытӕ. Цӕгат Ирыстоны УУМ минӕвӕрттӕ бӕрӕг кӕнынц кӕдзӕхы уавӕр, цӕмӕй асыгъдӕг кӕной дурты ӕркӕлынӕй тӕссаг бынӕттӕ. Транскам байгом уыдзӕн, куы йӕ расыгъдӕг кӕной ӕмӕ йыл ӕдасӕй ацӕуыны фадат куы уа, уӕд.

Ног хабӕртты лентӕ
0