Абайты Уасойы музей Цхинвалы авд азы ӕнхъӕлмӕ кӕсы йӕ сӕндидзынмӕ

© Sputnik / Ада БагианАбайты Уасойы цырт Цхинвалы
Абайты Уасойы цырт Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Sputnik уацхӕссӕг бафӕлвӕрдта сбӕрӕг кӕнын, номдзыд ахуыргонды райгуырды 115 азы юбилеймӕ Уасойы хисӕрмагонд мигӕнӕнтӕ сӕ бынат ссардзысты йӕ хӕдзар-музейы ӕви нӕ, уыцы фарст.

ЦХИНВАЛ, 2 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ирон гениалон ахуыргонд, ирзонӕдты профессор Абайты Уасойы хӕдзар-музей Цхинвалы ныр авд азы дӕргъы ӕнхъӕлмӕ кӕсы йӕ сӕндидзынмӕ. Номдзыд ахуыргонды хӕдзар басыгъд 2008 азы гуырдзиаг-ирон хӕсты фӕстиуӕгӕн. Фӕнык фестадысты музейы экспонаттӕ иууылдӕр — хисӕрмагонд мигӕнӕтӕ, къухфыстытӕ, чингуытӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр цымыдисон ӕрмӕг.

Уӕдӕй абоны онг республикӕйы нӕ разынд фӕрӕзтӕ, цӕмӕй ацы историон нысаниуӕгджын бӕстыхай арӕзт ӕрцӕуа ногӕй.

© Фото из архиваАбайты Уасойы музей Цхинвалы 2008 азы хӕсты размӕ.
Дом-музей Васо Абаева до войны 2008 года - Sputnik Хуссар Ирыстон
Абайты Уасойы музей Цхинвалы 2008 азы хӕсты размӕ.

Абайты Уасойы раздӕры хӕдзарӕй музей сарӕзтой 2000 азы. 8 азы фӕстӕ бацис Гуырдзыйы агрессийы амӕттаг. Хӕст фӕцис, республикӕ слӕууыд ӕндидзыны къахыл, фӕлӕ номдзыд ахуыргондӕн йӕ музей саразын не ‘нтысы абоны онг дӕр.

2014 азы генийы хӕдзар-музейы бӕстыхай аразынмӕ бавнӕлдта татарстайнаг арӕзтадон фирмӕ "Эверест" — уый объект арӕзта Хуссар Ирыстонӕн лӕвары хуызы.

Фыццаг рӕстӕджы татарстайнаг аразджытӕ афтӕ рӕвдз архайдтой, ӕмӕ уайтагъд арӕзт ӕрцыдысты хӕдзары бындур ӕмӕ йӕ систӕ. Уый адыл аразджытӕ ныфсӕвӕрӕн ныхӕстимӕ ӕрбайсӕфтысты, музейы арӕзтад ныннымӕг. Бӕстыхай ныр дӕр афтӕ ӕрдӕгарӕзтӕй лӕууы.

© Sputnik / Ада БагианБӕстыхай ныр дӕр афтӕ ӕрдӕгарӕзтӕй лӕууы.
Незавершенное строительство дома-музея Васо Абаева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бӕстыхай ныр дӕр афтӕ ӕрдӕгарӕзтӕй лӕууы.

Арӕзтады министрады пресс-службӕйы Sputnik ныфс бавӕрдтой, музейы арӕзтадон куыстытӕн фӕуын кӕй бантысдзӕн, фӕлӕ кӕцы ӕнусы, уый ӕвӕццӕгӕн, иунӕг Хуыцау зоны.

"Нардуатон организаци йӕхимӕ хӕс райста Абайты Уасойы хӕдзар-музейы арӕзтад фӕуын, фӕлӕ уый сӕххӕст кӕнын нӕ бантыст, финансон фӕрӕзтӕ кӕй нӕ аххӕссыдысты сӕ хӕрдзтыл, уымӕ гӕсгӕ. Объекты ӕндидзыд цыд, арӕнгӕрон хӕдзӕртты арӕзтадыл цы финасон фӕрӕзтӕ дих ӕрцыд, уыдон фӕстауӕрцӕй. Арӕзтадон куыстытӕ рӕстӕгмӕ ӕрурӕдтой, цалынмӕ финансон фӕрӕзтӕ самал кӕной, уӕдмӕ", — банысан кодтой Арӕзтады министрады пресс-службӕйы.

Музейы къухдариуӕгад та йӕхи цӕттӕ кӕны Абайты Уасойы райгуырӕн боныл, кӕцы нысан цӕуы 15 декабры, ног арӕзт музейы сӕмбӕлынмӕ.

"Президент нын ныфс радта, Абайты Уасойы райгуырӕн бонмӕ музей цӕттӕ кӕй уыдзӕн ӕмӕ нӕхи декабрмӕ цӕттӕ кӕнӕм. Уырны мӕ, президент йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн", — банысан кодта музейы директор Плиты Юза.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, музей арӕзт куы ӕрцӕуа, уӕд уым фадат уыдзӕн алыгъуызон мадзӕлттӕ уадзынӕн, рӕзгӕ фӕлтӕр ирон куырыхон гоймаг, историк, этнограф ӕмӕ иранист Абайты Уасойы бынтимӕ зонгӕ кӕнынӕн. Афтӕ ма директор банысан кодта, музейы ног бӕстыхайы арӕзт кӕй ӕрцӕудзӕн уӕрӕх зал зонадон конференцитӕн.

"Абайты Уасойӕн йӕ музейы сӕвӕрыны аккаг мигӕнӕнтӕ нӕм бирӕ ис. Хӕсты тӕккӕ размӕ изӕр иу хызыны дзаг мемӕ рахастон музейы экспонаттӕй иууыл ахадгӕдӕрты, цыма йӕ мӕ зӕрдӕ хатыд, арты амӕттаг кӕй бауыдзысты, уый", — дзуры директор.

Хуссар Ирыстон хъӕзныг кӕй у курдиатджын адӕмӕй, уый бӕлвырд у, фӕлӕ, хъыгагӕн, уыдонӕн кад кӕнын нӕ адӕмы туджы нӕй. Абайты Уасойӕн йӕ ном хъуыстгонд у дардыл. Афтӕмӕй та дунейы нымад ахуыргонды архайд ӕмӕ уӕзгӕ хайбавӕрдимӕ рӕзгӕ фӕлтӕрты зонгӕ кӕныны амӕлттӕ сты къуындӕг.

"Авд азы дӕргъы республикӕйы не ‘ссардӕуыд ахуыргонды музейы арӕзтадӕн ӕхцайы фӕрӕзтӕ. Татарстайнаг аразджытӕ куы бавнӕлдтой куыстмӕ, уӕд интеллигенцийӕн ацы цау бӕрӕгбонау уыдис. Фӕлӕ ныр уыйбӕрц рӕстӕг ам змӕлӕг нӕй, тӕссаг у, бынтондӕр куы айрох уа, саразын ӕй кӕй хъӕуы, уый. Республикӕ цадӕггай ӕндидзы, хисӕрмагонд хӕдзӕртты арӕзтад фӕуд кӕны, ӕмӕ рӕстӕг ӕрцыд культурӕ ӕмӕ ахуырадмӕ дӕр хъусдард аздахынмӕ", — загъта Sputnik Цхинвалы цӕрӕг Хъоцыты Диана.

Ивгуыд азты-иу ирон ӕвзаджы бон нысан кӕныны фӕлгӕтты Абайты Уасойы хӕдзары цыдысты цытджын мадзӕлттӕ, фӕсивӕды зонгӕ кодтой ахуыргонды цардвӕндаг ӕмӕ архайдимӕ. Студенттӕн зонгӕкӕнӕн балцтӕ арӕзта Абайты Уасойы студенткӕ, РХИ паддзахадон университеты доцент Битарты Зойя. Ам ӕххӕстбӕрцӕй банкъарӕн уыд ахуыргонды гениалондзинад. Ныр цалдӕр азы, хъыгагӕн, скъоладзаутӕ ӕмӕ студенттӕ иппӕрд сты уыцы цымыдисон лекцитӕй.

Абайты Уасо райгуырд 1900 азы 15 декабры. Йӕ бирӕнымӕц бындурон куыстыты ӕхсӕн уӕлдай рахицӕн кӕнинаг у Ирон ӕвзаджы историкон-этимологон дзырдуат, цыран уый сахуыр кодта ирон дзырдты ратӕдзӕнтӕ, раиртӕста ирон ӕвзаджы бастдзинӕдтӕ ирайнаг ӕмӕ индоевропейаг, стӕй ма тюркаг ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕгтимӕ. Ахӕм дзырдуӕттӕ дунейы сты ӕрмӕстдӕр цалдӕр. Ирыстоны зонады иууыл ирддӕр минӕвары ном хӕссынц уынгтӕ Цхинвалы ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы, ацы дыууӕ горӕты йын ӕвӕрд ис цыртытӕ дӕр. Бирӕ сты Абайты Уасойы лӕггӕдтӕ йӕ раттӕг ирон адӕмы раз. Йӕ Фыдыбӕстӕ йын куыд кад кӕны, уый та фӕбӕрӕг уыдзӕн азы кӕрон — музей кӕд арӕзт ӕрцӕуа ӕви нӕ, уымӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0