Иу мин æмæ æрдæгæй фылдæр æфсæддоны хайад исынц ахуырты Хуссар Ирыстоны

© Sputnik / Сергей Карпов /  Ахизын медиабанкмæÆфсæддон ахуыртæ
Æфсæддон ахуыртæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æфсæддон ахуыртæ адарддæр уыдзысты 4 сентябры онг, хайад дзы райсдзысты куыд Сурфæндагон æфсад, афтæ ма Уæлдæфы ныхмæ хъахъхъæнынады хæйттæ.

Цхинвал, 3 сен — Sputnik. Хуссар æфсæддон зылды иу мин æмæ æрдæгæй фылдæр æфсæддонтæ райдыдтой масштабон маневртæ Республикæ Хуссар Ирыстоны, "Дзарцъем"-ы полигоны, фехъусын кодтой УФ Хъахъхъæнынады министрады.

Ахуырты хайад исынц Сурфæндагон æфсад, афтæ ма Уæлдæфы ныхмæ хъахъхъæнынады хæйттæ.

"Быдырон ахуырты æфсæддонтæ фæарфдæр кæндзысты танкæты нырыккон хуызтæй, хæстон машинæтæ БМП-2 æмæ æндæртæй пайда кæныны зонындзинæдтæ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Афтæ ма æфсæддонтæ бакусдзысты техникæ тæрыныл, æфсæддон объектты хъавæн æхст кæныныл, дæлхæйттыл разамынд кæныныл æмæ афтæ дарддæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0