Тыбылты Леонид: Беслæны амæттæгтæ цæрæнбонты уыдзысты нæ зæрдæты

© Sputnik / Ада БагианТыбылты Леонид: Беслæны амæттæгтæ цæрæнбонты уыдзысты нæ зæрдæты
Тыбылты Леонид: Беслæны амæттæгтæ цæрæнбонты уыдзысты нæ зæрдæты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арвмӕ ауагъдæуыд 334 тымбылæджы, беслæйнаг №1-æм скъолайы амæттæгты нымæцмæ гæсгæ. Фырсыгъдæг Мады Майрæмы аргъуаны уагъд æрцыд литурги.

ЦХИНВАЛ, 3 сен — Sputnik. Адæмæй никуы ферох уыдзысты зæххы къорийыл иууыл æбуалгъдæр трагеди — Беслæны террористон акты — амæттæгтæ, загъта президент Тыбылты Леонид Цхинвалы номарæн акцийы рæстæджы.

Хуссар Ирыстоны, куыд æнæхъæн дунейы, мысынц Беслæны трагедийы амæттæгты — 334 адæймаджы, уыцы нымæцæй 186 сывæллоны. Номарæн акци уагъд æрцыд аргъуанон фæзуаты.

"Тынг зын у исты дзурын, нæ фаг кæнынц ахӕм ныхæстæ, нæ рис, не ‘нкъарæнтæ нын чи равдиса. Мах хъуамæ ссарæм тыхтæ, цæмæй макуы ферох кæнæм ирыстойнаг зæххыл 11 азы размæ цы трагеди æрцыд. Мах хъуамæ ма рох кæнæм, цæмæй ахæм трагеди макуыуал æрцæуа. Ирыстоны зæхх абон хъынцъым кæны, ризы, йæ хъæбултыл йæ цæссыгтæ калгæйæ", — загъта Тыбылты Леонид акцийы рæстæджы.

© Sputnik / Ада БагианТрагедийы амæттæгты рухс нæмттæ ссардтой иу уысм æдзæмæй алæугæйæ.
Акция памяти жертв бесланской трагедии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ ссардтой иу уысм æдзæмæй алæугæйæ.

Аргъуанон фæзуаты æрæмбырд сты сæдæгай адæймæгтæ, хицауады минæвæрттæ, скъоладзаутæ æмæ студенттæ. Уыдон ардæм æрбахастой хъазæнтæ æмæ нуазыны дон, кæцыйæ цух уыдысты сывæллæттæ ацы æбуалгъ трагедийы бонты.

Трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ ссардтой иу уысм æдзæмæй алæугæйæ. Траурон музыкæмæ 334 тымбылæджы суагътой Цхинвалы сæрмæ.

Фырсыгъдæг Мады Майрæмы аргъуаны уагъд æрцыд литурги.

© Sputnik / Ада БагианФырсыгъдæг Мады Майрæмы аргъуаны уагъд æрцыд литурги.
Акция памяти жертв бесланской трагедии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фырсыгъдæг Мады Майрæмы аргъуаны уагъд æрцыд литурги.

Хуссарирыстойнаг делегаци хайад исы фыдохы мадзæлтты Зӕдты сахары Беслæны.

Ныр ӕртыккаг бон Беслӕны мысынц 11 азы размӕ ӕрцӕугӕ трагедийы амӕттӕгты. Адӕм дидинтӕ, хъазӕнтӕ ӕмӕ донимӕ цӕуын Зӕдты сахармӕ ӕмӕ 1-ӕм скъолайы пырх бӕстыхаймӕ. Мысынц, спортзалӕй рацӕуын кӕмӕн нал бантыст ӕмӕ амынӕты уӕвӕг адӕмы ирвӕзынгӕнгӕйӕ чи бабын, уыдон. Ацы бонты Беслӕны уагъд цӕуынц акцитӕ, равдыстытӕ, уыдонӕн сӕ сӕйраг темӕ — терроризмимӕ тох.

Беслӕны трагеди ахаста 334 царды, уыдонӕн сӕ фылдӕр уыдысты ӕнахъом сабитӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0