Цхинвалы районы сфӕлдыстадон къордтӕ сӕ аивадимӕ базонгӕ кодтой хъӕуты цӕрджыты

© Sputnik / Ада БагианЦхинвалы районы сфӕлдыстадон къордтӕ сӕ аивадимӕ базонгӕ кодтой хъӕуты цӕрджыты
Цхинвалы районы сфӕлдыстадон къордтӕ сӕ аивадимӕ базонгӕ кодтой хъӕуты цӕрджыты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Вокалон къорд "Ирон фӕндыр" ӕмӕ эстрадон коллектив "Арвырон" районты ӕмӕ хъӕуты ауагъта фараст концерты, Адӕмон театр та аивадуарзджытӕн равдыста йӕ репертуары хуыздӕр комедитӕ.

ЦХИНВАЛ, 4 сен — Sputnik. Цхинвалы районы аивадон коллективтӕ ӕрзылдысты гастролтимӕ Хуссар Ирыстоны районтӕ ӕмӕ хъӕутыл, фехъусын кодтой Sputnik районы администрацийы.

Цхинвалы районы сфӕлдыстадон кордтӕ, уыдоны ӕхсӕн адӕмон театр, вокалон къорд " Ирон фӕндыр" ӕмӕ эстрадон коллектив "Арвырон", сты цӕрджыты ӕхсӕн популярон. Ӕрвылхатт дӕр сӕ мадзӕлттӕ ӕрӕмбырд кӕнынц йедзаг залтӕ.

Ныр дӕр та мӕйы дӕргъы сӕ ивадӕй хъӕлдзӕг кодтой горӕт Къуайса, афтӕ ма Знауыр, Цхинвал ӕмӕ Ленингоры районты хъӕуты цӕрджыты.

"Хъӕутӕй концерттӕ ӕмӕ спектаклтӕ ауадзыны уавӕртӕ кӕмдӕриддӕр ис, уыдоныл ӕрзылдыстӕм иууылдӕр. Нӕ коллективтӕй алчидӕр ауагъта хицӕн концерт, Адӕмон театр та аивадуарзджытӕн ӕхцондзинад ӕрхаста йӕ репертуары комедитӕй", — радзырдта Sputnik районы культурӕйы хайады минӕвар Чертхъоты Дали.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъӕуты цӕрджыты размӕ Адӕмон театры труппӕ рахаста зындгонд комедитӕ — "Файнустытӕ", "Мӕрдгӕс", "Сӕтти ӕмӕ Бӕтти" ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Цхинвалы районы Адӕмон театры режиссер у Уанеты Хсар, сӕ репертуары ис 6 спектаклы. Ӕрӕджы ма сӕвӕрдтой комеди "Файнустытӕ" дӕр. Цхинвалы районы культурӕйы хайады дӕлбар ма архайы вокалон къорд "Ирон фӕндыр", сывӕллӕтты ансамбль "Малусӕг" ӕмӕ эстрадон коллектив "Арвырон" музыкант Пухаты Нодары къухдариуӕгадӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0