"Айзӕлд" зонгӕ кӕны фӕсивӕды националон инструментты аив цагъдимӕ

© Архивное фотоАдӕмон инструменты хор ӕмӕ оркестр "Айзӕлд"
Адӕмон инструменты  хор ӕмӕ оркестр Айзӕлд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Айзӕлд"-ӕн ис аккаг репертуар, оркестр ӕххӕст кӕны Гӕздӕнты Булат, Ӕлборты Феликс, Гӕбӕраты Илья, стӕй ма фӕсарӕйнаг композиторты мелодитӕ дӕр.

ЦХИНВАЛ, 7 сен — Sputnik. Хуссарирыстойнаг Адӕмон инструментты хор ӕмӕ оркестр "Айзӕлд" цӕттӕ кӕнынц концертон программӕ, музыканттӕ аивадуарзджыты базонгӕ кӕндзысты дала фæндыр, хъиссын фӕндыр ӕмӕ ӕндӕр националон инструменттыл аив цагъдимӕ, фехъусын кодта Sputnik къорды аивадон къухдариуӕггӕнӕг, РХИ сгуыхт артисткӕ Уалыты Нина.

"Айзӕлд" архайы Цхинвалы администрацийы культурӕйы хайады дӕлбар, йе ‘сконды ис 30 адӕймаджы. Националон ӕмӕ ӕндӕр музыкалон инструменттыл цагъдынц ӕрыгон музыканттӕ, уыдон иууылдӕр сӕ дӕсныйад сахуыр кодтой Цхинвалы музыкалон ахуыргӕнӕндоны.

"Ӕз сӕрыстыр дӕн мӕ арӕхстджын коллективӕй, ис нӕм 6 сгуыхт артисты. Ис нын аккаг репертуар. Оркестр ӕххӕст кӕны Гӕздӕнты Булат, Ӕлборты Феликс, Гӕбӕраты Илья, стӕй ма уӕрӕсейаг ӕмӕ фӕсарӕйнаг композиторты мелодитӕ дӕр", — дзуры Уалыты Нина.

Аивадон къухдариуӕггӕнӕг ма банысан кодта, оркестрӕн кӕй нӕй ӕмбӕлон акустикӕимӕ хатӕн, уый та къуыхцы кӕны къорды сфӕлдыстадон куыст.

Уалыты Нина йӕхӕдӕг аивадимӕ йӕ цард сбаста чысыл сабийӕ, йӕ мад ӕй музыкалон скъоламӕ куы бакодта, уӕдӕй фӕстӕмӕ. Цымыдисон уыд оркестры истори дӕр. Уый раздӕр уыд кафт ӕмӕ зарды паддзахадон ансамбль "Симд"-ы дӕлбар.1990-ӕм ӕзты оркестр, афтӕ ма сылгоймӕгты хор ракодтой ансамблы скондӕй. Бынтон ныппырхӕй къорд фервӕзын кодта Хуссар Ирыстоны адӕмон артист Харебаты Тимур. Уый ӕрбамбырд кодта курдиатджын музыканттӕ ӕмӕ зарӕггӕнджыты коллектив, афтӕ райгуырд ног музыкалон къорд "Айзӕлд".

© Архивное фотоАдӕмон инструментты хор ӕмӕ оркестр "Айзӕлд".
Хор и оркестр народных инструментов Аизалд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Адӕмон инструментты хор ӕмӕ оркестр "Айзӕлд".

 

Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисткӕ Хуыгаты Замира кусы ацы коллективы, "Симды" скоды ма куы уыдысты, уӕдӕй нырмӕ. Зары республикӕйы иунӕг сылгоймӕгты хор — "Айзӕлд"-ы.

"Мах адӕмон зарӕджы фӕрцы рӕзгӕ фӕлтӕртӕн ӕнкъарын кӕнӕм ирон фарн, ӕгъдау ӕмӕ культурӕ. Ис нӕм бирӕ ӕвзонг курдиатджын фӕсивӕд, уыдон фӕлтӕрд хистӕртимӕ кусынц хӕларӕй, коллектив тырны ног аивадон бӕрзӕндтӕм", — банысан кодта зарӕггӕнӕг.

Адӕмон инструментты хор ӕмӕ оркестр "Айзӕлд"-ы коллектив ныридӕгӕн ис йӕ размӕцыды къахыл. Горӕты къухдариуӕгад самал кодта артисттӕн ног концертон уӕлӕдарӕс, фылдӕр кӕны сӕ музыкалон инструментты нымӕц. Оркестры репертуары ис куыд ирон, афтӕ фӕсарӕйнаг авторты уацмыстӕ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0