Джиоты Мурæт: регионы æдасдзинад æмæ стабилондзинад сты Женеваг дискусситы сæйраг хæстæ

© Sputnik / Ада БагианЖеневаг дискусситы æмсæрдæрттæ æруынаффæ кодтой суинаг раунды боны фæткыл.
Женеваг дискусситы æмсæрдæрттæ æруынаффæ кодтой суинаг раунды боны фæткыл. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Женеваг дискусситы сæйраг хæстæ сты æдасдзинадæй ифтонгад æмæ тыхæй ма спайда кæныны принципы æмуддзинады фæдыл иумæйаг уынаффæйыл бакуыст, загъта президенты æххæстбарджын минæвар.

ЦХИНВАЛ, 8 сен — Sputnik. Æдасдзинадæй ифтонгад æмæ тыхæй ма спайда кæныны фарстытæ сты Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женеваг дискусситы сæйраг фарстытæ, загъта Фæсконфликтон æрбиноныг кæныны фæдыл президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурӕт.

Хуссар Ирыстонмæ дыццæджы æрцыдысты Женеваг дискусситы æмсæрдæрттæ Иугонд нациты организаци (ООН), ОБСЕ æмæ Евроцæдисæй, цæмæй æруынаффæ кæной дискусситы 33 раунды боны фæткыл, кæцы уагъд æрцæудзæн октябры райдианы. Фембæлды фæстæ йæ хайадисджытæ дзуаппытæ радтой Массон информацийы фæрæзты минæвæртты фарстытæн.

"Нæ абоны куыст дарддæр кæны регионы стабилондзинад бахъахъхъæныны куыст. Фæмбæлды хайадисджытæ иумæйагæй сразы сты, æдасдзинадæй ифтонгад æмæ тыхæй ма спайда кæныны фарстытæкæй сты Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женеваг дискусситы сæйраг фарстытæ", — загъта Джиоты Мурæт.

Журналистты бацымыдис кодта æмсæрдæртты позици, Гуырдзыстон æмæ НАТО-йы æмахастытæ активонæй кæй æввахс кæнынц, зæрдыл æрлæууын кодтой, хуссарирыстойнаг хицауады уыцы хабар кæй æфтауы мæты.

"Æмбарæм æй, ацы фарст мæты кæй æфтауы дискусситы хайадисджытæй кæйдæрты. Уый та дзурæг у, Женеваг дискусситæ кæй сты ахсджиаг. Ацы регионы ис активон хотыхджын змæлд, æмæ мах хъуамæ дзурæм, куыд гæнæн ис бахъахъхъæнын стабилондзинад", — загъта Евроцæдисæй æмсæрдар Герберт Зальбер.

ОБСЕ-йæ æмсæрдар Анджело Гнэдингер фехъусын кодта, кæй æрцыд фидаргонд, æбæрæгæй фесæфæг адæмы фарстытыл чи куса, уыцы хæдбар эксперты кандидатурæ.

"Æз фембæлдтæн сæ хиуæттимæ, æмбарын сын сæ уавæр. Рацыд авд азы, фæлæ уыдон уæлдай ницы базыдтой сæ хъысмæты тыххæй. Эксперт ссарын афтæ æнцон нæу, фæлæ ссардтам ахæм адæймаг, æввахс рæстæджы йемæ бафысдзыстæм контракт æмæ уый æрæвналдзæн йæ куыстмæ", — загъта уый.

Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй чи фесæфт, уыдон хъысмæты тыххæй исты базоныныл куыст баконд æрцыд 2010 азы. Эксперттæ уæд рабæрæг кодтой, афтӕмӕй æртæ хуссарирыстойнаг æмбæстаджы — Хуыгаты Алан, Хацырты Алан æмæ Плиты Солтан — 2008 азы адавды фæстæ цавæрдæр рæстæг уыдысты гуырдзиаг тыхон структурæты къухты, фæлæ сæ дарддæры хъысмæт у æбæрæг. Ныртæккæ æбæрæгæй сæфтыл нымад сты республикæйы æмбæстæгтæй сæдæйæ фылдæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0