"Скифтӕ" ӕрсимдзысты Ӕхсӕнадӕмон олимпиадӕйы Лазаревскы

© Sputnik / Ада Багиан"Скифтӕ" ӕрсимдзысты Ӕхсӕнадӕмон олимпиадӕйы Лазаревскы
Скифтӕ ӕрсимдзысты Ӕхсӕнадӕмон олимпиадӕйы Лазаревскы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Скифтӕ" ацы аз нысан кӕнынц сӕ сӕвзӕрды 10 азы юбилейыл. Ацы бӕрӕгбоныл уыдон ӕмбӕлынц 150 концертимӕ, бирӕнымӕц паддзахадон хорзӕхтимӕ ӕмӕ Гран-Притимӕ.

Цхинвал, 9 сен — Sputnik. Адӕмон кафты ансамбль "Скифтӕ" хайад райсдзӕн ӕхсӕнадӕмон олимпиадӕ "Рӕсугъддзинад ӕмӕ зӕрдӕхæлардзинад — дуне ирвӕзынгӕнджытӕ"-йы. Коллектив йӕ арӕхстдзинад равдисдзӕн ирон националон кафтыты, фехъусын кодта ансамблы аивадон къухдариуӕггӕнӕг, Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Быценты Геннадий.

Хореографийы ӕхсӕнадӕмон олимпиадӕ "Рӕсугъддзинад ӕмӕ зӕрдӕхæлардзинад — дуне ирвӕзынгӕнджытӕ" уагъд цӕудзӕн 11-16 сентябры Лазаревскы. Ардӕм "Скифтӕ" хуынд ӕрцыдысты, куыд регионалон ӕвзарӕн туры уӕлахиздзаутӕ.

Кафджытӕ ӕмӕ сӕ аивадон къухдариуӕггӕнӕг сӕхи активонӕй цӕттӕ кӕнынц мадзалмӕ, ныр дӕр та сӕ Sputnik ныййӕфта репетицигӕнгӕ — иуварс кӕнынц кафты фӕстаг хъӕндзинӕдтӕ, лӕмбынӕг кусынц сӕ алы къахайстыл дӕр.

© Sputnik / Ада БагианКафджытӕ ӕмӕ сӕ аивадон къухдариуӕггӕнӕг сӕхи активонӕй цӕттӕ кӕнынц мадзалмӕ.
Репетиция танцевального ансамбля Скифы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кафджытӕ ӕмӕ сӕ аивадон къухдариуӕггӕнӕг сӕхи активонӕй цӕттӕ кӕнынц мадзалмӕ.

"Нӕ сывӕллӕттӕ сӕххӕст кӕндзысты дыууӕ номыры — "Симд" ӕмӕ "Бӕрӕгбонон кафт". Нӕ коллективы ӕмрӕнхъ ма олимпиадӕйы архайдзысты кавказаг республикӕты ӕмӕ Уӕрӕсейы аннӕ регионты арӕхстджын коллективтӕ ӕмӕ фӕсарӕйнаг кафджытӕ", — радзырдта Быценты Геннадий.

Уый банысан кодта, коллектив кӕй у иттӕг хорз цӕттӕ, йе ‘нтыстытӕ баст сты фидар дисциплинӕ ӕмӕ ӕрвылбонон куыстимӕ.

"Мах кафты руаджы равдисӕм нӕ бӕстӕйы цӕсгом, бӕрзонд культурӕ ӕмӕ аивад. Нӕ кафты хъамӕ уа азарт, рӕсугъддзинад ӕмӕ хъармдзинад. Кафты рӕстӕджы мах балӕвар кӕнӕм хъӕлдзӕг зæрдæйы уаг кӕсджытӕн. Кавказы республикӕты фидар коллективтӕ ис, фӕлӕ нӕ хӕсыл нымайӕм уырдыгӕй уӕлахизимӕ ӕрыздӕхын", — загъта ансамблы къухдариуӕггӕнӕг.

Уӕлдай уарзонӕйдӕр кафджытӕ ӕххӕст кӕнынц националон кафт "Симд" — ацы кафты руаджы "Скифтӕ" ӕхсӕнадӕмон ерысты дыууӕ хатты ссисты Гран-Прийы хицӕуттӕ.

"Скифтӕй" ис ахӕмтӕ, кӕцытӕ ахӕм ӕхсӕнадӕмон мадзӕлтты хайад исынц фыццаг хатт, уыдоны ӕхсӕн фӕндзӕмкъласонтӕ Абайты Эрнальд ӕмӕ Собаты Аслан дӕр.

"Нырма цыппар аз кафын ӕмӕ фыццаг хатт цӕуын ӕхсӕнадӕмон конкурсмӕ. Ӕрмӕст мӕнӕй аразгӕ нӕу, фӕлӕ иууылдӕр бацархайдзыстӕм, цӕмӕй ӕрыздӕхӕм уӕлахизимӕ", — ныфсытӕ дӕтты Абайты Эрнальд.

© Sputnik / Ада Багиан"Скифтӕй" ис ахӕмтӕ, кӕцытӕ ахӕм ӕхсӕнадӕмон мадзӕлтты хайад исынц фыццаг хатт.
Танцевальный ансамбль Скифы - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Скифтӕй" ис ахӕмтӕ, кӕцытӕ ахӕм ӕхсӕнадӕмон мадзӕлтты хайад исынц фыццаг хатт.

Коллективӕн ерыстӕм ацӕуынӕн финансон ӕххуыс бакодта паддзахады сӕргълӕууӕг Тыбылты Леонид.

Ансамбль "Скифтӕ" архайы Колыты Аксойы номыл аивӕдты паддзахадон лицейы дӕлбар. "Скифтӕ" радтой 150 концерты онг, хорзӕхджын сты Хуссар Ирыстон, Кӕсӕг-Балхъары Республикӕйы хицауадон хорзӕхтӕй, сты бирӕнымӕц ӕхсӕнадӕмон конкурсты ӕмӕ фестивалты уӕлахиздзаутӕ. Коллектив ацы аз ӕмбӕлы йӕ сӕвзӕрды 10 азы юбилейыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0