Къусреты рагъыл сӕ тыхтӕ бавзардзысты экстремалон автоспорты фанаттӕ

© Sputnik / фото из архиваДжип-триал
Джип-триал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Экстремалон автоспорты фанаттӕ сӕ тыхтӕ ӕвзардзысты ӕртӕ категорийы - стандарт, туризм ӕмӕ спорты. Цхинвалмӕ хуынд ӕрцыдысты джипертӕ Цӕгат Ирыстонӕй, Кӕсӕг-Балхъар, Хъӕрӕсе-Черкеси ӕмӕ Цӕцӕны республикӕтӕй. Уӕлахиздзаутӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц призтӕ.

Цхинвал, 9 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны 12 сентябры уагъд ӕрцӕудзӕн джип-триал, ӕхсӕнадӕмон ерысты ӕртӕ категорийы ӕнтыстджындӕр шофыртӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц хорзӕхтӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕ, фехъусын кодта Sputnik мадзалы организатор, клуб "Скиф 4х4" сӕргълӕууӕг Лӕууойты Сева.

Ныр ӕртыккаг аз Цхинвалы районы Къусреты хъӕуы уагъд цӕуынц джип-триалы ӕхсӕнадӕмон ерыстӕ. Азӕй-азмӕ фылдӕр кӕны ерысты хайадисджыты нымӕц.

"Мадзал райдайдзӕн 11 сахатыл. Хайад райсын кӕй фӕнды, уыдон хъӕуы ӕрбацӕуын ерыстӕй иу сахат раздӕр, цӕмӕй хайадисджыты номхыгъды сӕхи ныффыссой. Афтӕ ма цӕрджытӕн сӕ бон у ӕмӕ ӕрбацӕуой зынвадат фӕндӕгтыл хӕдтулгӕты тохмӕ бакӕсынмӕ", — дзуры Лӕууойты Сева.

Джип-триалы хайадисджытӕ дих цӕудзысты категоритыл хӕдтулгӕты цӕлхыты хуызмӕ гӕсгӕ.

Ерыстӕ уагъд цӕуынц зынгӕ хуссарирыстойнаг джипер Зӕгъойты Владимиры (Тото) номыл клуб "Скиф 4х4" инициативӕмӕ гӕсгӕ. Финансон ӕххуыс организатортӕн бакодта парти "Иугонд Ирыстон". Хайадисынмӕ хуынд цӕуынц джипертӕ Цӕгат Ирыстонӕй, Кӕсӕг-Балхъар, Хъӕрӕсе-Черкеси ӕмӕ Цӕцӕны республикӕтӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0