Республикӕйы бон нывгӕнджытӕ банысан кӕндзысты равдыстӕй

© Sputnik / Ада БагианРеспубликӕйы бон нывгӕнджытӕ банысан кӕндзысты равдыстӕй
Республикӕйы бон нывгӕнджытӕ банысан кӕндзысты равдыстӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг нывгӕнджытӕ сӕ куыстытӕй равдисдзысты сӕ ахаст, 25 азы размӕ цы ахсджиаг фӕндон рахастӕуыд, уымӕ.

ЦХИНВАЛ, 14 сен — Sputnik. Республикӕ расидыны бонмӕ Хуссар Ирыстоны Нывгӕнджыты цӕдис цӕттӕ кӕны равдыст, аивадуарджыты размӕ рахӕсдзысты аккагдӕр куыстытӕ, фехъусын кодта Sputnik Цӕдисы сӕрдар Цхуырбаты Тамерлан.

Хуссар Ир 20 сентябры нысан кӕны йӕ расидты 25 азы юбилей. Бӕрӕгбоны цытӕн республикӕйы алы къуымы дӕр уагъд ӕрцӕудзысты цытджын мадзӕлттӕ.

Хуссар Иры президент арвыста 151 æрбахуынды гӕххӕтты республикæйы 25 азы бонмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент арвыста 151 æрбахуынды гӕххӕтты республикæйы 25 азы бонмæ

Равдыстмӕ цы нывтӕ ӕрцыдысты ӕвзӕрст, уыдонӕн сӕ фылдӕр цӕрджытӕ фендзысты фыццаг хат.

"Нӕ куыстытӕй мах равдисдзыстӕм нӕ ахаст, 25 азы размӕ цы ахсджиаг фӕндон рахастой нӕ куырыхон хистӕртӕ, уымӕ", — банысан кодта Цхуырбаты Тамерлан.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, равдыст конд уыдзӕн 30 куыстӕй, уым фенӕн уыдзӕн куыд ирон адӕмы тох сӕ сӕрибардзинадыл, афтӕ ма портреттӕ ӕмӕ Ирыстоны алӕмӕттаг ӕрдзы нывтӕ.

"Равдысты бынат нырма ӕвзӕрст нӕу, мадзал уагъд ӕрцӕудзӕн кӕнӕ Нывгӕджыты цӕдисы равдыстыты залы, науӕд та Республикон библиотекӕйы", — загъта Цӕдисы сӕрдар.

Хуссар Ирыстоны нывгӕнджыты цӕдисы сконды ис 50 адӕймаджы, уыдонӕн сӕ 30% онг сты адӕмон нывгӕнджытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0