"Россотрудничество"-йы минæварадыл сæххæст фондз азы

"Россотрудничество"-йы минæварадыл сæххæст фондз азы
Россотрудничество-йы минæварадыл сæххæст фондз азы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фондз азы мидæг "Россотрудничество"-йæн бантыст сæххæст кæнын бирæ ахуырадон æмæ культурон проекттæ.

ЦХИНВАЛ, 16 сен —Sputnik. "Россотрудничество"-йы минæварад Хуссар Ирыстоны сарæзта хатдзæгтæ йæ фондзазон архайдæн. "Россотрудничество"-йы къухдариуæгад, алыгъуызон ведомствæты æмæ æхсæнадон организациты минæвæртты хайадистæй цы тымбыл фынг уагъд æрцыд, уым банысан кодтой ахсджиаг моменттæ æмæ мадзæлттæ, кæцытæ уагъд æрцыдыстæ æндæр æмæ æндæр æзты.

Официалон номхуындмæ æнæкæсгæйæ фембæлд ацыд хъарм, хæларадон уавæры.

"Россотрудничество" архайы Хуссар Ирыстоны 2010 азы 6 сентябрæй. "Россотрудничество"-йы хæслæвæрдтæм хауынц Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн культурон, гуманитарон, ахуырадон, зонадон-техникон æмæ информацион ахастыты райрæзт.

© Sputnik / фото из архиваФембæлд ацыд хъарм, хæларадон уавæры.
Круглый стол к 5-летию Россотрудничества - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фембæлд ацыд хъарм, хæларадон уавæры.

Уымæй дарддæр ма "Россотрудничество" кæны амы цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгты æхсæн культурон архайд, кусы æхсæнадæмон, регионалон æмæ националон организациты хаххыл контактты размæцыдыл. Æртæ азы размæ, Республикæ расидыны бон, "Россотрудничество"-йы цур байгом Культурæ æмæ зонады уæрæсейаг центр (КЗУЦ).

Минæварады сæргълæууæг Михаил Степанов зæрдыл æрлæууын кодта, документыл сæ къухтæ кæй бафыстой УФ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр РФ Сергей Лавров æмæ Хуссар Ирыстоны уæды фæсарæйнаг ведомсвойы сæргълæууæг Джиоты Мурæт.

Степанов бузныджы ныхæстæ загъта Джиоты Мурæтæн, Россотрудничество цы мадзæлттæ уадзы, уыдоны активон хайад кæй исы, уый тыххӕй.
Джиоты Мурæт ма хайад райсдзæн Россотрудничествойы 90 азы сæххæсты цытæн юбилейон мадзæлтты, кæцытæ уагъд цæудзысты Мæскуыйы ноябры.

© Sputnik / фото из архива"Россотрудничество"-йы минæварад Хуссар Ирыстоны сарæзта хатдзæгтæ йæ фондзазон архайдæн.
Круглый стол к 5-летию Россотрудничества - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Россотрудничество"-йы минæварад Хуссар Ирыстоны сарæзта хатдзæгтæ йæ фондзазон архайдæн.

"Нæ сæйраг хæс у Уæрæсейы æмахастытæн æппæт дунеимæ радтын ног гъæд культурон-ахуырадон фадыджы. Абон Россотрудничествойы минæварадтæ архайынц 90 бæстæйы", — загъта Степанов.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, хуссарирыстойнаг бæстæйы къухдариуæгад æмæ дзыллæйады бакæнгæ æххуыс ссис бындур фидар æмбаладон ахастытæн. Степанов зæрдыл æрлæууын кодта, 2012 азы бафыстгонд бадзырд кӕй рагхыгъд кæны Мæскуыйы культурон центры баконд.

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты Хазбулат банысан кодта, Хусар Ирыстоны популяризацимæ здæхт цыдæриддæр у, уый кæй у ахсджиаг æмæ йæм аздахын хъæуы уæлдай хъусдард.

"Алкæцы минæварадæн нæ бантысы бæстæйы политикон курс реализаци кæнын, ацы фæндагыл фæзыны алыгъуызон цæлхдуртæ. Уæрæсе ссардта уыцы фæндаг — культурон баивды, æмбæстагон æхсæнадты æмгуыстады фæрцы. Кæй зæгъынæй хъæуы, ацы архайдæн ис æнтыстытæ", — загъта Цхуырбаты Хазбулат.

Министр банысан кодта, ома кæд нырма Хуссар Ирыстонæн нæй фадат культурон центр Мæскуыйы бакæнын, уæддæр ацы фарст ист нæу боны фæткæй. Ныртæккæ куыст цæуы Мæскуыйы уæвæг минæварады цур хуыцаубонон скъола бакæныныл.

Тымбыл фынджы рæстæджы йæ хайадисджытæ радзырдтой иууыл ахсджиагдæр мадзæлттæ, конкурстæ, фестивалты тыххæй, цыран хайад райстой Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ Россотрудничествойы æххуысæй. Организаторты ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстон бæрзонд æмвæзадыл æвдыст у алыгъуызон фæзуаттыл, республикæйы минæвæрттæ алыхаттдæр бацахсынц призон бынæттæ алыгъуызон ерысты æмæ конкурсты.

Тымбыл фынджы хайадисджытæ банысан кодтой "Россотрудничество"-йы æвæрццаг архайд рæзгæ фæлтæры хъомылады, хуыцаубонон уæрæсейаг скъолайы æмæ Фонд "Русский мир"-ы кабинеты куысты, кæцы байгом 2012 азы 6-ӕм астæуккаг скъолайы.

"Россотрудничество"-йы къухдариугæд ныфс бавæрдта гуманитарон программæты реализаци кæныны тыххæй адарддæр кæнын ахæм активон архайд.

Ног хабӕртты лентӕ
0