Къуыдаргомы цӕрджытӕ банысан кодтой Къуаисайы бон

© Sputnik / Ада БагианКъуыдаргом
Къуыдаргом - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бӕрӕгбоны цытӕн организацигонд ӕрцыдысты спортивон ерыстӕ, концерттӕ, хиирхӕфсӕн мадзӕлттӕ. Афтӕ ма сабитӕ сӕ арӕхстдзинад равдыстой нывкӕныны хъуыддаджы.

ЦХИНВАЛ, 17 сен — Sputnik. Спортивон ерыстӕ, концерттӕ ӕмӕ хиирхӕфсӕн мадзӕлттӕй цыппӕрӕмы Къуыдаргомы цӕрджытӕ банысан кодтой горӕт Къуаисайы бон.

Горӕты бон Къуаисайы нысан цӕуы 2007 азӕй фӕстӕмӕ, уӕд раздӕры шахтерон поселокӕн лӕвӕрд ӕрцыд горӕты статус.

Бӕрӕгбонмӕ къударгомы цӕрджытӕн раарфӕ кӕнынмӕ бацыдысты республикӕйы къухдариуӕгад президент Тыбылты Леониды сӕргълӕудӕй, депутаттӕ, спикер Бибылты Анатолийы сӕргълӕудӕй, ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ.

Бӕрӕгбоны цытӕн организацигонд ӕрцыдысты спортивон ерыстӕ, концерттӕ. Афтӕ ма сабитӕ сӕ арӕхстдзинад равдыстой нывкӕныны хъуыддаджы.

"Скъоладзаутӕ сфӕлыстой асфальт сӕ ӕрмдзӕфӕй — ныв кодтой сӕ уарзон аргъӕутты хъайтарты. Бӕрæгбонон мадзӕлтты фӕлгӕтты ма Къуаисайы сӕ арӕхстдзинад равдыстой Цхинвал ӕмӕ Дзауы районы къультурӕйы хайадты коллективтӕ ӕмӕ артисттӕ", — радзырдта Sputnik Къуайсайы администрацийы сӕргълӕууӕг Ӕлборты Леонид.

Раздӕры шахтерон поселок Къуаисайӕн аст азы размӕ лӕвӕрд ӕрцыд горӕты статус. Раздӕр ацы районы цӕрджыты фылдӕр бӕрцӕй куысты бынӕттӕй ифтонг кодтой ӕрзӕткъахӕн шахтӕтӕ, фӕлӕ 90-ӕм азты уыдон ӕрцыдысты ӕхгӕд. Къуыдаргомы цӕрджыты фылдӕр хай хуыздӕр цардагур фӕлыгъдысты чи Цхинвалмӕ, чи Цӕгат Ирыстонмӕ.

Къуыдаргом ма 1991ӕмӕ 2009 ӕзты бавзӕрста стыр зӕххӕнкъуыстытӕ, ӕрдзон фыдбылыз стыр зиан ракодта цӕрджытӕн. Фӕстаг ӕзты горӕт цадӕггай ӕндидзы, арӕзт дзы ӕрцыд ног цӕрӕнуӕттӕ, капиталон ӕгъдауӕй цалцӕг ӕрцыд Культурӕйы хӕдзар. Ацы аз бавнӕлдтой Къуаисайы ног скъолайы бӕстыхайы арӕзтадмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0