РХИ 25 азы цытæн парады хайад райстой 800 æфсæддоны

© Sputnik / Ада БагианРХИ 25 азы цытæн парад
РХИ 25 азы цытæн парад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Парады, раздæр азтимæ абаргæйæ, хайад райстой фылдæр æфсæддоны. Фыццаг хатт театралон фæзуатыл рацыдысты Мидхъуыддæгты æмæ Хъахъхъæнынады министрæдты сылгоймаг-æфсæддон службæгæнджыты парадон къордтæ.

ЦХИНВАЛ, 20 сен — Sputnik, Тадтаты Андрей. Хуссар Ирыстоныл 25 азы сӕххӕсты цытæн æфсæддон парады хайад райстой 800-йæ фылдæр хуссарирыстойнаг æмæ уæрæсейаг æфсæддон службæгæнӕджы æмæ æфсæддон техникæйы 30 иуæджы.

Цхинвал æмæ Хуссар Ирыстоны районты хуыцаубоны уагъд цæуынц бæрæгбонон мадзæлттæ. Юбилейон датæ банысан кæныны хайад райсынмæ республикæмæ æрцыдысты делегацитæ Абхазæй, Донецкаг æмæ Луганскаг адæмон республикæтæй ацы бæстæты лидерты сæргълæудæй, афтæ ма уæрæсейаг æмæ цæгаткавказаг регионты къухдариуæгады минæвæрттæ.

© Sputnik / Ада БагианХуссар Ирыстоныл 25 азы сӕххӕсты цытæн æфсæддон парад Цхинвалы.
Военный парад в Цхинвале к Дню республики - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоныл 25 азы сӕххӕсты цытæн æфсæддон парад Цхинвалы.

"1990 азы 20 сентябры республикæйы расидт радта Хуссар Ирыстонæн фадат Гуырдзыстоны агрессийæ хи бахъахъхъæнын, райсын сæрибардзинад æмæ паддзахадон хæдбардзинад. Йæ тох раст кæй у, уый хынцгæйæ, ирон адæм сарæзта æппæтдæр, цæмæй сараза хæдбар паддзахад", — загъта президент Тыбылты Леонид Цхинвалы Театралон фæзуаты парадон къордты, республикæйы цæрджыты æмæ уазджыты раз йæ раныхасы.

Тыбылты Леонид банысан кодта, Хуссар Ирыстонæн кӕй ис, цæмæй уа сæрыстыр æмæ сæрбæрзонд, фæлæ ацы æнтыстытæ ирон адæм балхæдта бирæ амæттæгтæй.

"Мах никуы бафиддзыстæм, паддзахад чи арæзта, йæ адæм хæдбар зæххыл цæмæй цæрой, уый сæрвæлтау сæ цард чи радта, йæ хъæбатырдзинад æмæ хъайтардзинадæй республикæ чи бахъахъхъæдта, уыдон раз нæ æгæрон хæс", — банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Уый ӕрӕмбырдуӕвджыты зæрдыл æрлæууын кодта, 2008 азы августы Хуссар Ирыстоны тугкалгæ зæххæн Уæрæсе æрмæст сабырад кӕй не ‘рхаста, фæлæ ма райста хъысмæтхæссæг уынаффæ республикæ банымайыны тыххæй.

"Уæрæсе баххуыс кодта æмæ дарддæр æххуыс кæны Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрæзтæн", — банысан кодта Тыбылты Леонид.

Цытджын марш бакодта Хъахъхъæнынады министрады цур Кадетон скъолайы барабанæй цæгъдджыты къорд. Трибунæйы раз рацыдысты Хъахъхъæнынады, Мидхъуыддæгты æмæ Уæлвæткон уавæрты министрæдты, афтæ ма Паддзахадон æдасдзинады комитеты Арæнгæрон управленийы парадон къордтæ.

© Sputnik / Ада БагианХуссар Ирыстоныл 25 азы сӕххӕсты цытæн æфсæддон парад Цхинвалы.
Военный парад в Цхинвале к Дню республики - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоныл 25 азы сӕххӕсты цытæн æфсæддон парад Цхинвалы.

Фыццаг хатт мадзалы хайад райстой Мидхъуыддæгты æмæ Хъахъхъæнынады министрæдты сылгоймаг-æфсæддонты парадон къордтæ. Театралон фæзуатыл рацыдысты УФ ФСБ Арæнгæрон управленийы æмæ уæрæсейаг æфсæддон базæйы службæгæнджытæ.

Парады хайад райстой 800 æфсæддоны — раздæр азтимæ абаргæйæ, 200-йæ фылдæр.

Трибунæйы раз рацыдысты Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты æмæ уæрæсейаг æфсæддон базæйы æфсæддон техникæйы хуызæгтæ, уыдон нымæцы залпон зынджы реактивон системæтæ "Град", БТР-80, артиллерион æмæ зенитон техникæ.

Парады кæронбæттæны президент Тыбылты Леонид рахызт трибунæйæ æмæ сæрмагонд бузныг загъта маршы хайадисæг къордты алкæцы командирæн дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0