Захарченко: ДАР фидар кӕндзӕн Хуссар Ирыстонимӕ ахастытӕ

© Sputnik / Ада БагианАлександр Захарченко Цхинвалы
Александр Захарченко Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы 25 азы юбилейон мадзӕлтты хайад исынмӕ Хуссар Ирыстонмӕ фӕуазӕг ис ДАР-ы офицалон делегаци Александр Захарченкойы сӕргълӕудӕй. ДАР-ы къухдариуӕггӕнӕгимӕ фембӕлд президент Тыбылты Леонид ӕмӕ йӕ схорзӕхджын кодта "Хӕлардзинады Орденӕй ".

ЦХИНВАЛ, 20 сен — Sputnik, Тадтаты Андрей. Донецкы адӕмон республикӕ (ДАР) фӕнд кӕны Хуссар Ирыстонимӕ ахастытӕ райтынг ӕмӕ сфидар кӕнын, загъта хуыцаубоны Sputnik ДАР-ы сӕргълӕууӕг Александр Захарченко, кӕцы ӕрцыд Цхинвалмӕ Республикӕйы боны бӕрӕгбонон мадзӕлтты хайад райсынмӕ.

"Фидар кӕндзыстӕм ӕхсӕнпаддзахадон ахастытӕ. Ацы хаххыл бирӕ бантыст саразын, уыдон ӕхсӕн экономикӕйы фадыджы дӕр. Бакодтам хыгъдтӕ хуссарирыстойнаг банчыты. Кӕд нӕм хӕстон архайдтытӕ цӕуы, уӕддӕр нӕ амалиуӕггӕнджытӕ ӕмгом ӕмгуыст кӕнынц", — загъта ДАР-ы сӕргълӕууӕг.

Захарченко бафиппайдта, йӕ хӕсыл кӕй банымадта ӕрцӕуын ӕмӕ бынаты раарфӕ кӕнын ӕфсымӕрон ирон адӕмӕн республикӕйы сырӕзтыл 25 азы сӕххӕсты цытӕн.

"Хуссар Ирыстон у иунӕг паддзахад, кӕцы банымадта нӕ хӕдбардзинад ӕмӕ арвыста йӕ бархионты. Мах сӕ нымайӕм не ‘фсымӕртыл, уымӕн ӕмӕ уыдонӕн дӕр сӕ хӕдбардзинад сӕ къухы бафтыд тохы", — загъта уый.

Донбассаг республикӕйы раздзог банысан кодта, Цхинвал ӕмӕ Донецкӕн иумӕйагӕй бирӕ цыдӕртӕ кӕй ис.

"Абон, Цхинвалы уынгты цӕугӕйӕ, федтон нӕмгуытӕй хъыгдард хӕдзӕртты систӕ ӕмӕ цыма Донецкы февзӕрдтӕн, мӕхи афтӕ фӕхатыдтӕн. Хуссар Ир цы бавзӕрста ӕмӕ ныртӕккӕ Донецк цы ӕвзары, уыдон сты ӕнгӕс", — загъта Захарченко.

Уый ма банысан кодта, Хуссар Иры цӕрджыты ӕххуысы фӕрцы ДАР-ӕн хӕдбар ӕмӕ нымад паддзахад суӕвын уыдзӕн ӕнцондӕр.

Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР-ы хӕдбардзинд. Цхинвал ӕмӕ Донбассы республикӕты ӕхсӕн фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ.

Республикӕйы 25 азы юбилейон мадзӕлтты хайад исынмӕ Хуссар Ирыстонмӕ фӕуазӕг ис ДАР-ы офицалон делегаци Александр Захарченко сӕргълӕудӕй. ДАР-ы къухдариуӕггӕнӕгимӕ фембӕлд президент Тыбылты Леонид ӕмӕ йӕ схорзӕхджын кодта "Хӕларады Орден"-ӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0