Тедеты Хетæг: ахуыргӕнӕджы куыст ахæм зын нæу, бирæтæ куыд нымайынц

© Sputnik / Диана КозаеваИсторийы ахуыргæнæг Тедеты Хетæг
Историйы ахуыргæнæг Тедеты Хетæг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æвзонг ахуыргæнæг, кæцы скъолайы иу мæй дæр нæма кусы, цыбыр æмгъуыдмæ балхæдта йæ ахуыргæнинæгты зæрдæтæ, аргъ ын кæнынц йæ коллегæтæ дӕр.

ЦХИНВАЛ, 23 сен — Sputnik, Козаты Диана. Йæ фыццаг урок скъола "Альбион"-ы 23-аздзыд ахуыргæнæг Тедеты Хетæг ауагъта 2 сентябры. Sputnik уацхæссæг базыдта, цæмæн равзæрста ахуыргæнæджы дæсниад, куыд рæзынц йæ ахастытæ ахуыргæнинæгтимæ æмæ сæрибар рæстæг цы фæкусы.

Скъолæйы ахуыргæнæджы дæсниад хуссарирыстойнаг фæсивæды æхсæн нæу парахат. Скъоламæ кусынмæ æнæзивæгæй цæуынц чызджытæ, лæппутæ та разы сты амонын физкультурæ, информатикæ, ОБЖ, афтæ хуыйнæг нæлгоймаджы предметтæ. Уымæ гæсгæ, скъоламæ историйы предмет амонынмæ æвзонг нæлгоймаг æрбацыд, уыцы хабар уæлдай æхсызгон уыд.

Скъолайы директор Гуыцмæзты Иринæйы ныхæстæм гæсгæ, æвзонг ахуыргæнæджы райстой ХИПУ-йы ахуыргæнджыты рекомендацимæ гæсгæ ӕмӕ йын стыр аргъ скодта йæ куыстуарзондзинадӕн.

"Уый уайтагъд алкæимæ дæр схæлар. Сывæллæттимæ уыд балцы дæр. Ахуыргӕнинӕгтӕ йæ тынг бауарзтой", — загъта директор.

Тедеты Хетæг у Цхинвалы 2-æм скъолайы æмæ ХИПУ-йы историкон факультеты рауагъдон. Цалынмæ йæм ахуырады министрадæй нæ фæдзырдтой æмæ йæм нæ бахатытысты ахуыргæнæгæй бакусын, уæдмæ хъуыды дæр никуы акодта ахуыргæнæг суæвын.

"Ректор мын загъта, цæмæй бацæуон ахуырады министрадмæ. Куы бацыдтæн, уæд мæ бафарстой, фæнды мæ ахуыргæнæг суæвын, зæгъгæ. Радтон сын дзуапп, зæгъгæ, бафæлвардзæн. Кæд сарæхсон, уæд хорз. Науæд æндæр бынаты бакусыны фадат дæр уыдзæн. Нырма рæхсын", — дзуры Хетæг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый фæндыд куырд суæвын, фылдæр арæзта кæрдтæ ӕмӕ сӕ лæвар кодта йе`мгæрттæн.

"Фыццаджыдæр, хиарæзт æрмæджытæ хæссынц стыр æхцондзинад. Дыккаг та уый, æмæ ацы фадыджы нæ республикæйы ис вакуум. Æмæ ацы фадыджы кусын чи райдайа, уый алыхаттдæр уыдзæн фыццаг, кæд фидæны тынг популярон хъуыддаг уа, уæддæр. Хъыгагæн, рӕгмæ базыдтон, кæй уыд фадат ацы хаххыл ахуыр кæнынмæ ацæуын. Фæлæ æз куырды хъуыддаг нæ ныууадздзæн, кæд мын бирæ рæстæг нæй, уæддæр. Цæттæ кæнын хъæуы урокты нывæзт, ууыл ацæуы мæ рæстæджы фылдæр хай", — загъта Хетæг.

Скъола "Альбион"-ы æвзонг ахуыргæнæгыл бауæндыдысты амонын историйы предмет 5, 6 æмæ 7-æм къласты ахуыргæнинæгтæн. Ссардта иумæйаг æвзаг иу проблемон къласимæ дæр.

"Иумæйагæй сывæллæттæ сты иууылдæр хорз, кæд галиу кæнын уарзынц, уæддæр. Чысыл сын хъæуы сæ дисциплинæмӕ ӕркӕсын. Сывæллæттæ æнцонæй цæуынц контактмæ, хъусынц мæм. Сывæллæтты ныхæстæм гæсгæ карз ахуыргæнæг дæн. Куыст мæ зæрдæмæ æвиппайды фæцыди. Уый ахæм зын нæу, бирæтæ куыд хъуыды кæнынц", — мидбылхудгæйæ дзуры Хетæг.

Истори уарзы чысылæй фæстæмæ, хорз æй ахуыр кодта скъолайы дæр æмæ университеты дæр. Дзуры, фадат ын кæй уыд ахуыр адарддæр кæнын уæрæсейаг уæлдæр ахуыргæнæндæттæй сæ иуы, фæлæ йæ нæ бафæндыд Цхинвалæй ацæуын.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, иууыл зындæр уыд урок ауадзын фæндзæм къласы.

"Уыдон нырма зонгæ дæр нæ кæнынц, цы у историйы предмет. Уымæ гæсгæ йæ нæ зыдтон, цы сын радзурон. Фæлæ цадæггай фæхæст дæн процессыл. Бирæ ахуыргæнинæгты нымæцы ис мæ зонгæты сывæллæттæ. Уыдон мæ курæг сты, цæмæй сын сæ сывæллæттæм уæлдай ахаст ма уа ме`рдыгæй. Хъæлдзæг ахуырдзаутæ арæх ахæм ныхæстæ зæгъынц æмæ мæхæдæг фæтыхсын — семæ ахудон æви сæм фæхыл кæнон", — дзуры Хетæг.

Йæ нымадмæ гæсгæ, хаттæй-хатт хъæуы сæйраг темæйæ фæиппæрд кæнын æмæ æндæр истæуыл адзурын. Фæлæ урокы рæстæг фаг у æрмæст урок бацамонын æмæ ахуырдзауты сфæрсынӕн.

Хетæг фидарæй нымайы, йæ бæстæйы истори алчидæр кӕй хъуамæ зона, цæмæй æндæр бæстæйы куы уа, уæд йæхи равдиса æмбæлон æмвæзадыл. Куыд историк, афтæ уарзы историкон романтæ. Нымайы, æнæмæнгæй кæй хъæуы зонын Нарты кадджытæ, бакæсын Дзанайты Славикы "Хуыцауы æртæ цæссыджы" æмæ Челехсаты Хъазбеджы "Осетия и осетины".

Ис иу фадыг, кæцыйы Хæтæджы нæ фæнды архайын — политикæ.

"Политикæ чъизи хъуыддаг у. Адæймагæн хъуамæ алы хъуыддаджы дæр уа йæхи хъуыдыкæнынад, политикæйы та уый зын у. Системæйы ныхмæ рацæуæн нæй, уымæ гæсгæ хъуамæ хъуыды кæнай иннæтау. Уымæ гæсгæ нæ уарзын политикæ", — дзуры Хетæг.

Æвзонг ахуыргӕнӕг ӕхцондзинад исы, абон цы хъуыддагыл лæуд у, уымæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0