Уæрæсейаг базӕйы æфсæддонтӕ Хуссар Иры ауагътой масштабон ахуыртæ

© Sputnik / Игорь Зарембо /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг базӕйы æфсæддонтӕ Хуссар Иры ауагътой масштабон ахуыртæ
Уæрæсейаг базӕйы æфсæддонтӕ  Хуссар Иры ауагътой масштабон ахуыртæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуырты хайад райстой авд минæй фылдæр æфсæддоны æмæ техникæйы 1,5 мин иуæджы. Æфсæддон ахуыртæ ма ацыдысты УФ-йы хуссары полигонты, афтæ ма Сомихстоны æмæ Абхазы æфсæддон базæты.

ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уæвæг уæрæсейаг æфсæддон бастдзинады кусджытæ хайад райстой УФ Хуссар æфсæддон зылды (ХФЗ) масштабон ахуырты, фехъусын кодтой къуырисæры Sputnik ХФЗ-ы пресс-службæйы.

Хуссар Ирæй дарддæр ма ахуыртæ уагъд æрцыдысты Хуссар, Цæгат-Кавказаг æмæ Хъырымаг федералон зылдты, афтæ ма Сомихстон æмæ Абхазы æфсæддон базæты. Хайад сæ райстой авд минæй фылдæр æфсæддоны æмæ техникæйы 1,5 мин иуæджы.

"Æфсæддон бастдзинады кусджытæ уæлдай хъусдард аздæхтой нырыккон бастдзинады комплекс КамАЗ-ы бындурыл — "Редут"-ыл сæ куыст фææххæстдæр кæнынмæ… Айтыгътой дыууӕ мин километры бæрц радиорелейон æмæ тропосферон бастдзинады хæтæлтæ, 500 километры бæрц оптико-тагон бастдзинады хæтæлтæ", — банысан кодтой зылды пресс-службæйы.

Ахуырты рæстæджы æфсæддонтæ сæххæст кодтой сæ разы æвæрд хæстæ алыгъуызон географион уавæрты, уыдон нымæцы хæххон бынæтты, денджызгæрон æмæ денджызон зонæты.

Ног хабӕртты лентӕ
0