"Симд" Абхазы Уӕлахизы бон Сухумы ратдзӕн концерт

© Sputnik / Ада Багиан"Симд"
Симд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Абхазы Уӕлахизы бӕрӕгбонмӕ Симд ӕфсымӕрон республикӕйы цӕрджытӕн балӕвар кӕндзӕн концерт. Абхазаг аивадуарзджытӕ традицион кӕфтытӕ ӕмӕ зарджытӕй дарддӕр фендзысты ног "Скифаг-алайнаг" программӕйӕ дыууӕ кафты.

ЦХИНВАЛ, 28 сент — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны кафт ӕмӕ зарды паддзахадон ансамбль "Симд" Абхазы цӕрджытӕн сӕ республикӕйы Хӕдбардзинады бон бӕлӕвар кӕндзӕн концерт, фехъусын кодта Sputnik ансамблы директор Зӕгъойты Рустам.

Галаты Борисы номыл ансамбль "Симд" къуырисӕры афӕндараст ис Абхазы хӕдбардзинады бӕрӕгбонон мадзӕлтты хайад райсынмӕ. Балц организацигонд ӕрцыд дыууӕ ӕфсымӕрон республикӕты культурӕйы министрӕдты ӕмархайды фӕлгӕтты.

"Нӕ ансамбль Абхазы цӕрджытӕн ӕмӕ уазджытӕн равдисдзӕн ӕххӕст концертон программӕ, кӕцы сӕххӕст кодтам Хуссар Ирыстоны Хӕбардзинад банымайыны сӕраппонд бӕрӕгбонон мадзӕлтты рӕстӕджы Цхивалы", — загъта Зӕгъойты Рустам.

Уый ма банысан кодта, абхазаг аивадуарзджытӕ традицион кӕфтытӕ ӕмӕ зарджытӕй дарддӕр кӕй фендзысты ног "Скифаг-алайнаг" программӕйӕ дыууӕ кафты.

Хуссар Ирыстоны республикӕ расидыны 25 азы юбилейон мадзӕлтты 20 сентябры хайад райста Абхазы республикӕйы паддзахдлон ансамбль "Шаратын", ныр та Хуссар Ирыстоны кафт ӕмӕ зарды сӕйраг коллектив бахӕлар кӕндзӕн ӕфсымӕрон республикӕйы аивадуарзджытӕн сӕ арӕхстдзинад.

30 сентябры Абхазы республикӕ нысан кӕны "Аиааира" — Уӕлахизы бон. 1993 азы Гуырдзыстоны ныхмӕ тохты фӕудӕй фӕстӕмӕ Абхаз ацы бон нысан кӕны куыд сӕйраг паддзахадон бӕрӕгбон.

Ног хабӕртты лентӕ
0