Хуссар Ир та Женевӕйы ногӕй ӕрӕвӕрдзӕн тыхӕй ма спайда кӕныны фарст

© Sputnik / Ада БагианЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Женевӕйы дискусситы радон рабадт райдайдзӕн дыццӕджы. Фембӕлды Хуссар Ирыстон ногӕй боны фӕткмӕ рахӕсдзӕн Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы ныхмӕ тыхӕй ма спайда кӕныны фарст.

ЦХИНВАЛ, 5 сен — Sputnik. Женевӕйы дискусситы сӕйраг фарст у, Гуырдзыстон Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы ныхмӕ тыхӕй кӕй не ‘спайда кӕндзӕн, уый фӕдыл документ бафыссын, фехъусын кодтой Sputnik фӕсконфликтон уавӕр ӕрнывыл кӕныны фӕдыл президенты ӕххӕстбарджын минӕвары аппараты.

Женевӕйы 6-7 октябры уагъд цӕудзӕн фӕскавказы ӕдасдзинады фӕдыл дискусситы радон рабадт. Хайад дзы райсдзӕн Хуссар Ирыстон.

"Дискусситы рӕстӕджы приоритетон у тыхӕй не ‘спайда кӕныны документ бафыссын", — банысан кодта ӕххӕстбарджыны аппараты минӕвар.

Уымӕй дарддӕр ма дискусситы хайадисджытӕ ӕруынаффӕ кӕндзысты ахстуӕвджыты дыууӕрдыгӕй ссӕрибар кӕныны фарстыл ӕмӕ ӕбӕрӕгӕй чи фесӕфт, уыдон хъысмӕт раиртасыныл.

"Ӕнӕмӕнгӕй ӕркӕсдзысты Оконайаг уазнывы раздахыны фарстмӕ, кӕцы 1991 азы давд ӕрцыд бӕстӕзонӕн музейӕ", — загъта ӕххӕстбарджыны аппараты кусӕг.

Женевайы дискусситӕ уагъд цӕуынц Уӕрӕсе ӕмӕ Францы президентты ӕхсӕн бадзырды фӕлгӕтты Хуссар Иры 2008 азы трагикон цауты фӕстӕ. Хайад дзы исынц Хуссар Ир, Абхаз, Уӕрӕсе, Гуырдзыстон ӕмӕ Америкӕйы иугонд штаты (АИШ) делегацитӕ. Фембӕлдтӕм сӕ цӕст дарынц Европӕйы цӕдис, ОБСЕ ӕмӕ Иугонд нациты организаци.

Хуссар Ирыстоны делегацийӕн къухдариуӕгад кӕны фӕсконфликтон уавӕр ӕрнывыл кӕныны фӕдыл президенты ӕххӕстбаржын минӕвар Джиоты Мурӕт.

Ног хабӕртты лентӕ
0