Поэт Хаджеты Таймуразы мысӕн изӕр уагъд ӕрцӕудзӕн Цхинвалы

© Sputnik / Архивон къамПоэт Хаджеты Таймураз
Поэт Хаджеты Таймураз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хаджеты Таймуразы юбилейон изӕр ӕрбамбырд кӕндзӕн поэты хӕлӕртты Ирыстоны алы къуымтӕй. Каст цӕудзысты йе ‘мдзӕвгӕтӕ, зынгӕ ирон зӕрӕггӕнджытӕ сӕххӕст кӕндзысты Хаджейы ӕмдзӕвгӕты бындурыл фыст зарджытӕ.

ЦХИНВАЛ, 7 окт — Sputnik. Зынгӕ ирон поэт, фыссӕг ӕмӕ тӕлмацгӕнӕг Хаджеты Таймуразы мысӕн изӕр уагъд ӕрцӕудзӕн 8 октябры Цхинвалы, фехъусын кодта Sputnik, мадзалы организатортӕй сӕ иу Дамбегты Ирина.

Хаджеты Таймуразыл ацы аз сӕххӕст уыдаит 70 азы. Хадже (афтӕ йӕ хуыдтой йе ‘мгӕрттӕ ӕмӕ ӕввахс адӕм) уыд ирон адӕмы уарзондӕр поэттӕй сӕ иу.

"Ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм уазджытӕм Цӕгат Ирыстонӕй, ӕрцӕудзысты йӕ хӕлӕрттӕ, фысджытӕ. Харебаты Вадим, Лара Джабион, Алла Кокион ӕмӕ ӕндӕр зындгонд зарӕггӕнджытӕ сӕххӕст кӕндзысты Хаджейы ӕмдзӕвгӕты бындурыл фыст зарджытӕ, каст цӕудзысты йе ‘мдзӕвгӕтӕ", — банысан кодта Дамбегты Ирина.

Уымӕй дарддӕр ма, организаторы ныхӕстӕм гӕсгӕ, мадзалы хайад райсдзысты катфы коллективтӕ. Юбилейон изӕр организацигонд цӕуы РХИ Культурӕйы министрады тыхтӕй.

Джусойты (Хаджеты) Таймураз райгуырд 1 марты Хуссар Ирыстоны Къуыдаргомы Ногхъӕуы. Ӕфсады фӕстӕ бацыд ахуырмӕ литературон факультетмӕ. Цалынмӕ аивады йӕ ном айхъуыст, уӕдмӕ равзӕрста йӕхицӕн псевдоним йӕ фыды фыды номӕй, афтӕ фӕзынд Хаджеты Таймураз. Хицӕн ӕзты йын мыхуыр ӕрцыдысты ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгӕндтӕ — "Фараст барæджы", "Æхсондуры хъæлæс", "Зæйраскъуыды уынæр", "Фæндæгты фарн". Тӕлмац кодта уырыссаг классикон уацмыстӕ мадӕлон ӕвзагмӕ. Ирон Есенин — афтӕ хуыдтой Хаджеты Таймуразы йе ‘сфӕлдыстады ӕнахуыр лиризмы тыххӕй. Поэт йӕ цардӕй ахицӕн 1996 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0