Дзул дын атухдзысты… газеты

© Sputnik / Ада БагианДзул дын атухдзысты… газеты
Дзул дын атухдзысты… газеты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзул дын тулдзыстӕм мыды - Хетӕгкаты Къостайы ацы рӕнхъытӕ Цхинвалы иуӕй-иу дзулфыцджытӕ сӕхирдыгонау рацарӕзтой - "дзул дын атухдзыстӕм ... газеты".

ЦХИНВАЛ, 7 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы арӕх фенӕн ис, ирон националон луаси ӕлхӕнгӕйӕ, тӕвд дзул уӕйгӕнджытӕ куыд атухынц зӕронд газеты. Sputnik уацхӕссӕг бафӕлвӕрдта раиртасын, газетыл нывтӕ ӕмӕ текст цы типографион ахорӕнты руаджы фӕзынынц, уыдон цас зиан хӕссынц адӕймаджы ӕнӕниздзинадӕн.

Цхинвалы сӕйраг дзулфыцӕн комбинатӕй дарддӕр алы уынгыл дӕр ис чысыл хисӕрмагонд кӕрдзынгӕнӕн комбинаттӕ, цыран фыцынц ирон националон луаситӕ. Хӕрзад луаситӕ цӕрджыты ӕхсӕн сты тынг популярон, скъӕфынц сӕ тӕвдӕй-тӕвдмӕ. Фӕлӕ цӕрджыты иу хай ӕвдисы ӕнӕразыдзинад, дзулуӕйгӕнджытӕ хаттӕй-хатт луаситӕ газеты кӕй атухынц, уыцы хъуыддагимӕ.

"Дзул ӕлхӕнгӕйӕ мын ӕй ӕнӕфарстӕй атухынц хуызджын газеты. Газеты типографион ахорӕнтӕ хорзӕрдӕм кӕй не ‘ндавдзысты ӕнӕниздзинадыл, уый стыр специалисты зӕгъын нӕ хъӕуы. Мӕ цӕстыл ауайы, чъизи газет ӕмӕ йӕ ахорӕнтӕ цас рахъыг кӕндзысты ме ‘нӕниздзинадӕн. Цалдӕр хатты сын загътон, цӕмӕй мын мӕ луаси ма тухой газеты, фӕлӕ та сӕ цыма рох фӕвӕййы", — дзуры горӕты цӕрӕг Пухаты Зарина.

© Sputnik / Михаил ХасиевЦӕрджыты иу хай ӕвдисы ӕнӕразыдзинад, дзулуӕйгӕнджытӕ хаттӕй-хатт луаситӕ газеты кӕй атухынц, уыцы хъуыддагимӕ.
Лаваш  в газете - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕрджыты иу хай ӕвдисы ӕнӕразыдзинад, дзулуӕйгӕнджытӕ хаттӕй-хатт луаситӕ газеты кӕй атухынц, уыцы хъуыддагимӕ.

Цхинвалы Мӕскуыйы уынгыл уӕвӕг луасифыцӕн комбинаты кусӕг Тедеты Ирина ныртӕккӕ дзул уӕй кӕны ӕрмӕстдӕр пакетты.

"Типографийы ӕлхӕнӕм сыгъдӕг урс гӕххӕт 150 сомӕй ӕмӕ нын бирӕйы фаг свӕййы, фӕлӕ нын ацы тӕккӕ фӕцис, ӕмӕ уый тыххӕй луаситӕ авӕрын пакетты, науӕд та сӕ раттын къухмӕ", — дзуры Ирина.

Ацы уынгыл чысыл фалдӕр ис ӕндӕр ахӕм амалиуӕгад, ам кӕрдзын тухынц сыгъдӕг гӕххӕтты, фӕлӕ уӕйгӕнӕг не'мбӕхсы, сӕ гӕххӕт куы фӕвӕййы, уӕд уыдон дӕр газеттӕй кӕй пайда кӕнынц.

"Тӕвд луаси адӕймагӕн йӕ къухмӕ нӕ ратдзынӕ, ныртӕккӕ нӕм сӕрмагонд урс гӕххӕт ис, фӕлӕ куы фӕвӕййы, уӕд хӕдзӕрттӕй рахӕссӕм зӕронд газеттӕ ӕмӕ сӕ уым атухӕм", — дзуры уӕйгӕнӕг.

Республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина радзырдта Sputnik, зӕгъгӕ фӕлхасгӕнджыты бартӕ хӕлд куы цӕуой, уӕд уыцы цауты цӕрджытӕ сӕхӕдӕг хъуамӕ ӕнӕхъусдард ма уадзой.

"Афӕдз нын иу хатт ис луасифыцӕн комбинатты куыст басгарыны бар, ӕмӕ сын уӕд фенӕм сӕ санитарон уавӕртӕ. Адӕм та сӕхӕдӕг хъуамӕ ахӕм амалиуӕггӕнджыты ных бакъуырой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый æнæруадзгæ хабар у. Газет цалынмӕ луаситы тӕрхӕгмӕ бахауы, уӕдмӕ рацӕуы бирӕ адӕмты къухты, уый та зӕрдӕмӕдзӕугӕ нӕу", — загъта Коцты Марина.

Сӕйраг санитарон дохтыр ма банысан кодта, зӕгъгӕ, кӕд цӕрджытӕн сӕхи тыхтӕй хъуыддаг нӕ рараст уа, уӕд сӕ бон у, ӕмӕ ныффысой куырдиат фӕлхасгӕнджыты бартӕ хъахъхъӕныны комитетмӕ, ӕмӕ ӕрмӕст уый фӕстӕ комитеты кусджытӕ барджынӕй басгардзысты луасигӕнӕн комбинатты куыст.

Типографион ахорӕнты ӕппӕрццаг ӕндӕвдады тыххӕй бирӕ информаци ис ссарӕн ӕмбӕлон литературӕйы. Рауагъдады куыст нымад цӕуы ӕнӕниздзинадӕн зианхæссæгыл. Газетыл нывтӕ ӕмӕ текст цы типографион ахорӕнты рауджы фӕзынынц, уыдон та уӕлдай тӕссаг сты адӕймаджы ӕнӕниздзинадӕн. Се ‘сконды ис здыйы хромат ӕмӕ цӕххытӕ, марганецы цӕххытӕ, стӕй ма цас фылдӕр хуыз ахорӕнтӕй спайда кодтой, уый бӕрц тӕссагдӕр у "газеты тыхт луаси" адӕйдӕмагӕн.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, газеты уӕлӕ ацы ахорӕнтӕ уый бӕрц зиан нал хӕссынц, фӕлӕ дзы хӕлцад куы атухай, уӕлдайдӕр та тӕвд хӕринӕгтӕ, уӕд сӕ зиан фӕдывӕр вӕййы ӕмӕ бирӕ зианхӕссӕг буарыгъӕдтӕ бахауынц адӕймаджы организммӕ.

Ныры дуджы вазыгджын экологион уавӕрты та йе ‘нӕниздзинадыл хъуамӕ ауда алчидӕр йӕхӕдӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0