Ног базар Цхинвалы арæзт æрцæудзæн 2016 азы

© Sputnik / Саид Царнаев /  Ахизын медиабанкмæХъæууонхæдзарадон базар
Хъæууонхæдзарадон базар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Нырыккон ног базары сарæзтимæ мэрия тох кæндзæн уынгты базарадимæ.

ЦХИНВАЛ, 8 окт — Sputnik. Цхинвалы 2016 азы æвæрд æрцæудзæн бындур ног базары арæзтадæн, базаргæнджытæ сæ продукци уæй кæндзысты хъарм, сыгъдæг бæстыхæйтты, фехъусын кодтой Sputnik горæты мэрияйы пресс-службæйы.

Æрæджы къаннæг æхгæд базары бынаты горæты астæу райдыдтой аразын ног бæстыхæйттæ. Хъæуты цæрджытæ, кæцытæ ам уæй кодтой сæ дыргътæ æмæ халсартæ, рахызтысты тротуартæм. Уый æвзæрын кодта зындзинæдтæ куыд базаргæнджытæн, афтæ горæты цæрджытæн дæр, кæцытæ цыдысты хъæууонхæдзарадон продукциимæ асыччытæй йедзаг тротуартыл.

Цы фӕкӕнӕм нӕ дыргъ ӕмӕ нӕ халсар?

Мэрияйы фехъусын кодтой, ацы бынаты базар кæй нал уыдзæн, ам арæзт цæуынц бæстыхæйттæ къанцыларон æмæ хæдзарадон продукци уæй кæнынæн.

"Абон тротуартыл чи уæй кæны, уыдонæн мах сараздзыстæм Харебаты Исахъхъы уынгыл горæты базары территирийыл хорз бынæттæ. Уыдон ам æнцонæй уæй кæндзысты сæ продукци", — банысан кодта мэрияйы минæвар.

2016 азы зæронд базары бынаты арæзт æрцæудзæн, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтдзæн, ахæм бæстыхай. Уый фæстæ горæты хицæуттæ карзæй тох кæндзысты Цхинвалы уынгтыл æнæзакъонон базарадимæ.

"Тротуартыл базаргæнджыты мах нæ асурдзыстæм. Харебаты Исахъхъы уынгыл базары сын сараздзыстæм æмбæлон уавæртæ. Æхгæд базары арæзтад кæронмæ бахæццæ, æмæ сæ бон у баздæхын æмæ сæ куыст дарддæр кæнын", — загътой пресс-службæйы.

Уымæй дарддæр ма, горæты хицæуттæ хъавынц сцалцæг кæнын Гуыбаты æфсымæрты уынгыл æвæрд базар. Уырдæм фадат ис ацæуын уæйгæнджыты иу хайæн, цалынмæ базар арæзт æрцæуа, уæдмæ.

"Мах цæуæм базаргæнджыты уавæры, фæлæ хъæуы бафæразын. Иу азы фæстæ уыдон райсдзысты комфортабелон базар", — загътой мэрияйы.

Цхинвалы ис дыууæ базары — Харебаты Исахъхъы æмæ Гуыбаты æфсымæрты уынгыл. Фæлæ Гуыбаты æфсымæрты уынгыл активон базарад цæуы хуыцаубонты. Ам сæ хъæууонхæдзарадон продукци, хæдзарон цыхт, дзидза уæй кæнынц хъæуты цæрджытæ. Фæлæ ацы базармæ цæуын хъæуы сæумæрайсом, цалынмæ сыл бынæттон базаргæнджытæ нæ "амбырд сты", уæдмæ. Науæд натурпродуктты аргъ фылдæр вæййынц дыууæ хатты.

Ног хабӕртты лентӕ
0