Цхинвайлаг дыууæаздзыд сывæллон бацис нады амæттаг

© Sputnik / архивное фотосывӕллӕтты фӕзуат
сывӕллӕтты фӕзуат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
РХИ-йы Ахуырады министрад æмæ прокуратурæ æвзарынц, сывæллоны æцæгæйдæр сабидоны фæнадтой æви нæ.

ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik, Хъотайты Мария. Цхинвайлаг сывæллæтты цæхæрадæттæй сæ иуы хъомылгæнджыты рæстæгмæ аиуварс кодтой сæ куыстæй, фехъусын кодтой Sputnik Ахуырады министрады.

Сывæллæтты цæхæрадон "Малусæг"-ы хъомылгæнинæгтæй иуы цæсгомыл ис буары цъæхтæ æмæ цъæррæмыхстыты фæдтæ. Ныртæккæ Ахуырады министр бæрæг кæны, ацы фæдтæ кæцæй сты сывæллоны буарыл. Медицинон эксперт Мамиты Вячеславы хъуыдымæ гæсгæ, сывæллонæн бахӕцыдысты йæ хурхыл.

"Майрæмбоны, 9 октябры сывæллон группæйы райдыдта кӕуын. Ныййарджытæ йæ ракодтой хæдзармæ. Иу сахат фæстæдæр сабидонмæ бацыд сывæллоны мад æмæ загъта, йӕ буарыл кæй ис цæфты нысæнттæ. Никæмæн у йæ бон фидарæй зæгъын, сывæллоны сабидоны фæнадтой æмæ сывæллоны буарыл цы фæдтæ ис, уыдон нады фæстиуджытæ сты æви нæ. Ныртæккæ ахуырады министрад уадзы ведомствæйон басгæрст, æмæ цалынмæ ацы куыст кæронмæ бахæццæ уа, уæдмæ уал хъомылгæнджытæ иуварс æрцыдысты сæ куыстæй", — загъта Sputnik ахуырады министр Гасситы Натали.

Уæдмæ уал цхинвайлæгтæ активонæй дзурынц, сывæллоны кæй фæнадтой сабидоны. Ацы ныхæстæн бындур у сывæллоны къам, кæцы апарахат телефонты. Къам цхинвайлæгты телефонтæм æрвыст цæуы иу версиимæ — сывæллоны фæнадтой сабидоны.

Фæдтæ сывæллоныл разындысты 9 октябры, фӕлӕ ныййарджытæ нæ бахатыдысты нæдæр барадхъахъхъæнæн органтæм, нæдæр тæрхмедэкспертмæ, цæмæй банысан кæной нады фæдтæ.

Ныййарджытæ æмæ ахуырады министрады кусджытæ тæрхмедэксперт Мамиты Вячеславимæ сывӕллоны бакодтой æрмæстдæр цыппар боны фæстæ.

"Ис дзы къухы æнгуылдзты фæдтæ. Гæнæн ис, æмæ сывæллонæн фæлæбурдтой йæ хъуырмæ. Æнгуылдзты конфигурацийы ирд фæдтæ зынынц куыд сывæллоны уадултыл, афтæ йæ хъуырыл дæр. Æртæ боны фæстæ фæдтæ афтæ бæрæгæй нал фæзынынц, куыд фыццаг бон, фæлæ сӕ уæддæр ис бӕрӕгӕй фенӕн", — загъта Мамиты Вячеслав.

Сывæллоны мад Заремæ нæ бахатыд барадхъахъхъæнæн органтæм куырдиатимæ, йæ сывæллон кæй баис нады амæттаг, уый тыххӕй.

"Нæ мæ фæнды ууыл дзурын. Милицимæ нæ бахатыдтæн, уымæн æмæ кæсын рынчын сывæллонмæ. Кæд исчи ацы хъуыддаджы фæдыл райдайа фæдæвзарæн куыст, уæд хорз. Мæнæн загътой, хъомылгæнæджы кæй нал бауагътой йæ куыстмæ", — загъта сывæллоны мад.

Рæстæгмæ йæ куыстæй иуварсгонд хъомылгæнæн Аза Sputnik уацхæссæгæн не сдзуапп кодта, ныццавта сывæллоны æви нæ.

"Сабидоны гестапо нæ кусы. Нæ мæ фæнды комментаритæ кæнын. Бацыт ахуырады министрадмæ æмæ уын алцыдæр зæгъдзысты, уыдон кусынц ацы хъуыддагыл", — загъта сылгоймаг.

Инцидентмæ бацымыдис кодта прокуратурæ. Республикæйы прокурор Цгъойты Мераб радта бардзырд горæты прокурорæн ацы хъуыддаг лæмбынæг равзарын, бацыдысты ныййарджытæ барадхъахъхъæнæн органтæм æви нæ, уымæ æнæкæсгæйæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0