Парламент сратификаци кодта уголовон хъуыддæгты фæдыл бадзырд Уӕрӕсеимӕ

© Sputnik / Ада БагианРХИ парламент
РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Депутатты хъуыдымæ гæсгæ, ацы бадзырды реализаци фæахъаз уыдзæн фыдракæндты ныхмæ тохы хъуыддагæн.

ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент æртыццæджы сратификаци кодта уголовон хъуыддæгты фæдыл ӕмгуыстады бадзырд Уӕрӕсеимӕ.

Документыл къухтæ бафыстӕуыд ивгъуыд азы октябры мӕйы. Уый рагхыгъд кæны æмгуыстад, кæцы ахъаз уыдзæн фыдракæндты ныхмæ эффективон тохы хъуыддагæн куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Уæрæсейы дæр.

УФ-йы президент Владимир Путин 3 октябры бахаста документ Паддзахадон Думæмæ бадзырд сратификаци кæныны тыххæй.

Бадзырды нысан у уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг æмгуыстады æхсæнадæмон-барадон бындур сфидар кæнын æмæ уголовон хъуыддæгты иртасыны фæдыл кæрæдзийæн æххуыс кæнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0