Америкӕ нæ дæтты фадат Хуссар Ирыстонæн лигъдæтты фæдыл бæрæггæнæнтæ бавдисын

© Sputnik / Ада БагианРХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад
РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæн барæй цæлхдуртæ аразгæйæ, Гуырдзыстон æргъæвы гуманитарон фарстыты скъуыддзаг, фехъусын кодтой РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады.

ЦХИНВАЛ, 23 окт — Sputnik. АИШ уадзы дывæр стандарттæ, йæхи куыд фæнды, афтæ иуты уадзы Иугонд нациты минæвæртты æхсæнадæмон фæзуӕттæм, аннæты та нæ, дзырдæуы Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады официалон хъусынгæнинаджы.

Æддагполитикон ведомствӕйы комментарий апарахатгонд æрцыд Иугонд нациты организацийы (ИНО) цур Уӕрӕсейы иудадзыг минæвар Виталий Чуркины раныхасы фæстæ. Уый ИНО-йы Æдасдзинады советы рабадты æрсидт АИШ-ы хивазтæн кæрон скæнын, кæцы дунейон организаци йæхимæ исгæйæ, фыдархайд кæны ацы уавæрæй.

"Дзырд сæрмагондæй цыд Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы минæвæртты ныхмæ дискриминацийы тыххæй, кæцытæн АИШ-ы хицауад алыгъуызон æфсæнттæй нæ дæтты визæтæ бæстæмæ бацæуыны тыххæй. Уый фæстиуæгæн, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæн нӕй фадат бавдисын объективон информаци паддзахадтæ-хайадисджытæн лигъдæтты проблематикæйы фæдыл резолюциты проекттæм æркасты рæстæджы, кæцытæ Гуырдзыстон æрвылаздæр рахæссы ИНО генералон ассамблейы æркастмæ", — дзырдæуы хъусынгæнинаджы.

Дипломатон уагдоны банысан кодтой, Гуырдзыстоны пайдайæн Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ визæйон дискриминаци аразгæйæ, АИШ уадзы дывæр стандарттæ, йæхи куыд фæнды афтæ — иуты (Косовойы минæвæртты) уадзы Иугонд нациты минæвæртты æхсæнадæмон фæзуаттæм, аннæты та нæ.

Ахæм практикæ, загътой министрады, цæуы æхсæнадæмон барады бындурон принциптæ æмæ нормæты ныхмæ.

"Фæлæ нæ хъæуы рох кæнын, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæн барæй цæлхдуртæ аразгæйæ æмæ æргом сайд æмæ фальсификацийы руаджы политикон дивидендтæ исгæйæ, Гуырдзыстон æргъæвы вазыгджын гуманитарон проблемæты скъуыддзаг, кæцытыл гуырдзиаг официалон минæвæрттæ демагогонæй тæрхон кæнынц бæрзонд трибунæтæй", —дзырдæуы хъусынгæнинаджы.

Хуссар Ирыстон 2010 азæй разы нæу Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женеваг дискусситы фæлгæтты лигъдæтты фарстыл тæрхон кæнын, уымæн æмæ Гуырдзыстон ацы фарст рахæссы ИНО-йы Генералон ассамблейы æркастмæ ӕмӕ рабадтæм нӕ фæхонынц Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы делегацитæ.

Июны ИНО-йы Генералон ассамблей æвдæм хатт хорзыл банымадта, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæй лигъдæтты проблемæйы фæдыл Гуырдзыстон цы резолюцийы проект бавдыста, уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0