Хуссар Иры фӕсивӕды фӕхуыдтой форум "Абхаз-2015"-мӕ

Рафыссын
Ноябры райдайӕны Ӕхсӕнадон фӕсивӕдон форум "Абхазия-2015" Сухумы ӕрӕмбырд кӕндзӕн активон фӕсивӕды УФ-ы регионтӕй, Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы республикӕтӕй.

ЦХИНВАЛ, 29 окт — Sputnik. Ӕхсӕнадон фӕсивӕдон форум "Абхазия-2015"-мӕ хуынд ӕрцыдысты Хуссар Ирыстоны фӕсивӕды минӕвӕрттӕ, фехъусын кодтой Sputnik фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты.

Ӕфсымӕрон республикӕмӕ форумы хайадисынмӕ ацӕудзысты фӕсивӕдон комитеты сӕрдар Зассеты Сергей ӕмӕ ӕхсӕнадон организаци "ЦВЭТ"-ы уӕнгтӕ.

"Ӕдӕппӕт нӕ республикӕйӕ мадзалы хайад райсдзысты цыппар адӕймаджы. Форумы нысан у УФ регионты ӕмӕ Уӕрӕсеимӕ хӕлар бӕстӕты фӕсивӕды ӕхсӕн ӕмгуыстад сфидар кӕнын. Мадзалы кӕрон ист ӕрцӕудзӕн форумы резолюци ӕмӕ 2016 азы иумӕйаг мадзӕлтты нывӕзт", — радзырдтой комитеты пресс-службӕйы.

Ӕхсӕнадон фӕсивӕдон форум "Абхазия-2015" уагъд цӕудзӕн Сухумы 6-8 ноябры. Организацигонд цӕуы Абхазы фӕсивӕдон политикӕйы паддзахадон комитеты тыхтӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0