Гаглойты Хох фӕцис йӕ куыст ИÆАМ-ы делегацийы сӕргълӕууӕджы бынаты

© Sputnik / Ада БагианХох Гаглойты
Хох Гаглойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕххӕстбарджыны хӕдивӕг куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй йӕ бынатӕй цӕуы, йӕ куысты ӕмгъуыд кӕй фӕцис, уымӕ гӕсгӕ.

ЦХИНВАЛ, 29 окт — Sputnik. Инциденттӕ ма руадзыны ӕмӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты Хуссар Ирыстоны делегацийы сӕргълӕууӕг Гаглойты Хох фӕцис йӕ куыст ацы бынаты. Уый тыххӕй Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны ӕхсӕн паддзахадон арӕнмӕ хӕстӕг хъӕу Эргнеты радон фембӕлды фӕстӕ журналисттӕн фехъусын кодта Гаглойты Хох.

Гаглойты Хох Хуссар Ирыстоны делегацийы сӕргъ лӕууыд 2012 азӕй фӕстӕмӕ, уӕд нысан ӕрцыд фӕсконфликтон уавӕр ӕрнывыл кӕныны фӕдыл президенты ӕххӕстбарджын минӕвары хӕдивӕгӕй. Уый куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй йӕ бынатӕй цӕуы, йӕ куысты ӕмгъуыд кӕй фӕцис, уымӕ гӕсгӕ. Гаглойты Хох ма банысан кодта, йӕ бынатмӕ нысан чи ӕрцӕуа, уый кӕй къухдариуӕг кӕндзӕн Хуссар Ирыстоны делегацийӕн радон 26 фембӕлды.

Абоны фембӕлдыл дзургӕйӕ, Гаглойты Хох банысан кодта, зӕгъгӕ Хуссар Ирыстоны делегаци хъусдард аздӕхта, фӕстаг рӕстӕджы паддзахадон арӕны режим фехалыны цаутӕ кӕй сарӕх сты, уыцы хъуыддагмӕ. Афтӕ ма бафиппайдта, зӕгъгӕ, уый баст у уыимӕ, ӕмӕ гуырдзыстойнаг фарс кӕй нӕ парахат кӕны информаци арӕнгӕрон хъӕуты адӕмы ӕхсӕн.

"Ивгъуыд фембӕлдӕй цы мӕй рацыд, уый дӕргъы ӕрурӕд ӕрцыдысты 15 фӕткхалӕджы, уыдонӕй 14 ссӕрибар кодтам", — загъта Гаглойты Хох.

Уый ма фехъусын кодта, фӕстаг фембӕлдӕй фӕстӕмӕ ӕртӕ хатт кӕй фехстӕуыд арӕнгӕрон нысӕнттӕ ӕмӕ Хуссар Иры делегаци ӕрсидтис фембӕлды хайадисджытӕм, цӕмӕй бакусой ахӕм цаутӕ ма руадзыны фӕдыл.

Хуссар Ирыстоны ӕбӕрӕгӕй сӕфт ӕмбӕстӕгты тыххӕй информаци базонынӕн ОБСЕ-йы фӕндмӕ гӕсгӕ 30 октябры Цхинвалмӕ фӕуазӕг уыдзӕн хӕдбар эксперт. Гаглойты Хох йӕ ныхӕстӕм бафтыдта, Хуссар Ирыстон делегаци стыр ныфс кӕй ӕвӕры ацы экспертӕй ӕбӕрӕг сӕфтыты хъысмӕт раиртасыны хъуыддаджы.

Хуссар Ирыстоны ӕбӕрӕгӕй сӕфт ӕмбӕстӕгтӕ Плиты Солтан, Хугаты Алан ӕмӕ Хацырты Аланы хъысмӕт раиртасыныл архайдтой 2010 азы дӕр. Уӕд эксперттӕн баныст сбӕрӕг кӕнын, ацы ӕртӕ лӕппуйы 2008 азы кӕй уыдысты Гуырдзыстоны тыхон структурӕты къухы.

Ног хабӕртты лентӕ
0