Тыбылты Леонид ныффыста тӕфӕрфӕсы ныхӕстӕ УФ минæварады мæсæллæйтты чиныджы

© пресс-служба президентаТыбылты Леонид ныффыста тӕфӕрфӕсы ныхӕстӕ УФ минæварады мæсæллæйтты чиныджы
Тыбылты Леонид ныффыста тӕфӕрфӕсы ныхӕстӕ УФ минæварады мæсæллæйтты чиныджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мæсæллæйты чиныджы Тыбылты Леонид тæфæрфæс ракодта фæмардуæвджыты хиуæттæ æмæ хæстæджытæн æмæ банысан кодта, уæрæсейаг адæмимæ кæй хъынцъым кæны Хуссар Ирыстон дæр.

ЦХИНВАЛ, 2 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид хуыцаубоны райсомæй бацыд УФ минæварадмæ, цыран мæсæллæй загъта Уæрæсейы дипломатон минæварады кусджытæн авиакатастрофæ — Египеты "Когалымавиа" лайнеры æрхауды фæдыл, фехъусын кодта Sputnik президенты пресс-секретарь Гана Яновская.

Мæсæллæйты чиныджы Тыбылты Леонид тæфæрфæс ракодта фæмардуæвджыты хиуæттæ æмæ хæстæджытæн æмæ банысан кодта, уæрæсейаг адæмимæ кæй хъынцъым кæны Хуссар Ирыстоны адæм дæр.

Тыбылты Леонид арвыста тæфæрфæсы тел УФ-йы президент Владимир Путины номыл.

"Ацы æвирхъау трагеди Хуссар Ирыстоны цæрджытæй алчидæр айста рыст зæрдæйæ. Ацы фыдохы бон мах хъынцъым кæнæм уæрæсейаг адæмимæ иумæ", — дзырдæуы телы.

Авиакомпани "Когалымавиа"-йы лайнер Airbus-321, кæцы сабаты рацæйтахт Шарм-эш-Шейхæй Санкт-Петербургмæ, æрхауд Синайы. Фæмард сты 217 пассажиры æмæ авд экипажы уæнджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0