Цхинвалы басыгъд цалдӕр хӕдзары

© Sputnik / Мария КотаеваЦхинвалы басыгъд цалдӕр хӕдзары
Цхинвалы басыгъд цалдӕр хӕдзары - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы цалдӕр бинонтӕ зымӕджы къӕсӕрыл баззадысты ӕнӕ цӕрӕнуӕттӕй зынгирвӕзты фӕстиуӕгӕн. Республикӕйы уӕлвӕткон уавӕрты министрады кусджытӕ кусынц ӕнамонд хабары ахоссӕгтӕ раиртасыныл.

ЦХИНВАЛ, 13 ноя — Sputnik, Хъотайты Мария. Цалдӕр хӕдзары басыгъдысты майрӕмбоны ӕхсӕв Цхинвалы, Уирӕгты кварталы. Ссыгъд ахуыссын кӕныныл райсоммӕ архайдтой уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) кусджытӕ. Ноджы ма ӕртӕ хӕдзары дӕр ранӕй рӕтты ссыгъдысты, фӕлӕ сын рӕстӕгыл бантыст ахуыссын кӕнын.

Ӕнамонд хабары фӕстиуӕгӕн удзиӕнттӕ не ‘рцыд, фехъусын кодтой Sputnik УУМ минӕвӕрттӕ, фӕлӕ цалдӕр бинонтӕ зымӕджы къӕсӕрыл баззадысты гом арвы бын, сӕ ис ӕмӕ мулк иууылдӕр цъыбыртты сыгъд баисты.

© Sputnik / Мария КотаеваЦхинвалы цалдӕр бинонтӕ зымӕджы къӕсӕрыл баззадысты ӕнӕ цӕрӕнуӕттӕй зынгирвӕзты фӕстиуӕгӕн
Последствия пожара в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы цалдӕр бинонтӕ зымӕджы къӕсӕрыл баззадысты ӕнӕ цӕрӕнуӕттӕй зынгирвӕзты фӕстиуӕгӕн

Зынгирвӕзты ныхмӕ тох кӕныны тыххӕй УУМ-ы кусджытӕ арвыстой аст машинӕйы.

"Ссыгъды тыххӕй нӕм фӕдзырдтой райсом 03:05 сахатыл. Зынгирвӕзты ныхмӕ къордтӕ сӕ кӕрӕдзи ивтой, цалынмӕ арт бынтондӕр нӕ ахуыссын кодтой, уӕдмӕ. Ацы районы хӕдзӕрттӕ сты кӕрӕдзийыл калд ӕмӕ зынг ӕвиппайды апарахат иу бӕстыхайӕ иннӕмӕ", — загъта зынгхуыссынгӕнӕг.

Бынӕттон цӕрджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, зынг сивӕрзт ӕнӕрӕвдз электрон телты аххосагӕй.

"Уый размӕ ӕхсӕв горӕты сыстад тыхдымгӕ, рафӕлдӕхта бӕлӕстӕ, систа хӕдзӕртты агъуыстытӕ. Рухсы телтӕ дӕр фӕхъыгдард сты, кӕрӕдзийыл ныдзӕвдысты ӕмӕ сӕ цӕхӕртӕ калдысты. Фӕдзырдтам "Энергоресурс"-ы кусджытӕм, уыдон нын загътой, райсом кӕй ӕрбацӕудзысты. Ӕмӕ ма ныр цӕмӕ цӕуынц, нӕ хӕдзӕрттӕ куы басыгъдысты, уӕд", — радзырдтой цӕрджытӕ.

Фӕлӕ зынгсирвӕзты аххосаджы официалон верси нырма бӕрӕг нӕу, ныридӕгӕн ацы хъуыддагыл кусынц республикӕйы уӕлвӕткон уавӕрты министрады кусджытӕ.

Зынгсирвӕзты бынатмӕ райсом ӕрбацыдысты президент Тыбылты Леонид ӕмӕ Цхинвалы мэр Ӕлборты Алан. Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг ныфс бавӕрдта, ӕнӕ цӕрӕнуатӕй баззайӕг бинонтӕн кӕй бакӕндзӕн алыварсон ӕххуыс дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0