Сæ хӕдзӕрттӕ кæмæн басыгъдысты, уыцы бинонтӕ уал æрцæрдзысты "Хурзӕрины"

© Пресс-служба президента РЮОСæ хӕдзӕрттӕ кæмæн басыгъдысты, уыцы бинонтӕ уал æрцæрдзысты "Хурзӕрины"
Сæ хӕдзӕрттӕ кæмæн басыгъдысты, уыцы бинонтӕ уал æрцæрдзысты Хурзӕрины - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахады сæргълæууæг бахæс кодта, цæмæй зианбаййафæг адæмæн рахицæнгонд æрцæуой рæстæгмæ цæрæнуæттæ æмæ сын бакӕной æнæмæнгхъæуæг æххуыс.

ЦХИНВАЛ, 13 ноя — Sputnik. Ивгъуыд æхсæв Цхинвалы сæ хæдзæрттæ цы бинонтæн басыгъдысты, уыдон рæстæгмæ æрцæрдзысты Хуссар Ирыстоны столицæйы микрорайонтæй сæ иуы. Æмбæлон хæслæвæрд президент Тыбылты Леонид радта сæрмагонд рабадты рæстæджы, цыран хайадисджытæ æрдзырдтой зианбаййафæг адæмæн баххуыс кæныны фадæттыл, фехъусын кодта паддзахады сæргълæууæджы пресс-секретарь Гана Яновская.

Цхинвалы, Эльбрусы уынгыл, майрæмбонмæ æхсæв ссыгъд цалдæр хæдзары. Зынгхуыссынгæнджытæ æвæстиатæй бацыдысты цауы бынатмæ, фæлæ уæдмæ хæдзæрттæ цъыбыртты сыгъд баисты. Ӕнамонд хабары фӕстиуӕгӕн удзиӕнттӕ не ‘рцыд.

"Тыбылты Леонид бафæдзæхста рабадты хайадисджыты, цæмæй цыбыр æмгъуыдмæ бакæной æххуыс зианбаййафæг бинонтæн, кæцытæ зымӕджы къӕсӕрыл баззадысты гом арвы бын", — загъта Яновская.

Пожарным МЧС Южной Осетии понадобилось три часа на  ликвидацию пожара - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зынгирвӕзты фӕстиуджытӕ Уирӕгты кварталы Цхинвалы

Президент бахæс кодта, цæмæй зианбаййафæг бинонтæн рахицæн кæной цæрæнуæттæ микрорайон "Хурзæрин"-ы.

"Зымæг æрбалæууыд нæ къæсæрыл, уымæ гæсгæ нын рæстæг нал ис. Мах хъуамæ аскъуыддзаг кæнæм ацы фарст æвæстиатæй", — загъта президент.

Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Сиукъаты Радион бахаста æнхъарæн, цæмæй зианбаййафджытæн баконд æрцæуа иурæстæгон æххуыс Сæрмагонд хыгъды фæрæзтæй (баконд æрцыд 2008 азы гуырдзиаг агрессийы рæстæджы зиан чи баййæфта, уыдонæн æххуысæн).

"Махæн ис фадат иурæстæгон æххуыс бакæнынӕн. Кæд сæхицæн не `ссарой иудадзыг цæрæнуат, уæд сын президенты хæслæвæрдмæ гæсгæ фиддзыстæм цæрæнуаты арендæ, цалынмæ фарст скъуыддзаг не `рцæуа, уæдмæ", — загъта уый.

Рабадты рæстæджы цы уынаффæтæ скъуыддзаг æрцыдысты, уыдон реализацийы фæдыл контроль президент бахæс кодта хицауады сӕрдары хӕдивӕг Пухаты Эрикæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0