Тыбылты Леонид æрсидт бæстæйы æдасдзинад фидар кæнынмæ

© Sputnik / Руслан ТадтаевПрезидент Тыбылты Леонид
Президент Тыбылты Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президенты ныхæстæм гæсгæ, нæй фидарæй зæгъæн, республикæйы хуссар арæнтыл кæй нæ фæзындзысты тæссаг элементтæ, кæцытæ бафæлвардзысты исты фыдбылыз саразын.

ЦХИНВАЛ, 16 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстон хъуамæ фидар кæна йæ æдасдзинад, фехъусын кодта президент Тыбылты Леонид тыхон структурæты сæргълæуджытимæ рабадты рæстæджы Францы террористон атакæтыл уынаффæгæнгæйæ.

13 ноябры Парижы ӕрцыд цалдӕр террористон акты, уый фӕстиуӕгӕн фӕмард 132 сабыр цӕрӕджы.

"Францы æрцæугæ хабæрттыл алкæй зæрдæ дæр фæрыст. Мах цæхгæр разы не стæм Парижы сабыр цæрджыты æбуалгъ амарынимæ. Æмæ кæд Франц географион æгъдауæй дард у Хуссар Ирыстонмæ, уæддæр мах хъуамæ уæм къæрцхъус", — банысан кодта Тыбылты Леонид.

Президенты ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстон йæ арæн дих кæны Гуырдзыстонимæ, кæцыимæ йын ницы æмпаддзахадон ахастытæ ис.

"Нæ республикæйæн дæргъвæтин рæстæг йæ хуссайраг "сыхагимæ" уыдис æндыгъд ахастытæ. Ахæм "сыхагимæ" мах ныфс нæй, нæ республикæйы хуссар арæнтыл кæй нæ фæзындзысты тæссаг элементтæ, кæцытæ бафæлвардзысты сæхи равдисын", — загъта президент.

Уый æрсидт бæстæйы тыхон структурæтæм, цæмæй æххæст тыхтæй регуляронæй кæной хуссаргæрон арæнты æдасдзинад хъахъхъæныны куыст.

Ног хабӕртты лентӕ
0