Знауыры районы цӕрӕг тыххӕй фервӕзт бирӕгъты балӕй

© Sputnik / Михаил Кухтарев /  Ахизын медиабанкмæБирӕгъты бал
Бирӕгъты бал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕлборты Реуаз у ӕфсӕддон ӕмӕ, йӕ амондӕн, йӕ хӕцӕнгарз разынд йемӕ. Бирӕгътӕй цалдӕры куы фехста, уӕд иннӕтӕ фӕтарстысты ӕмӕ алыгъдысты.

ЦХИНВАЛ, 20 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Знауыры районы Дзагъинайы хъӕуы цӕрӕг Ӕлборты Реуазыл, изӕры куыстӕй хӕдзармӕ цӕугӕйӕ, фӕндагыл ӕрхъула кодта бирӕгъты бал. Нӕлгоймаджы фервӕзын кодта, йӕ хӕцӕнгарз йемӕ кӕй уыд, уый.

Районы бирӕгътӕ афтӕ сбирӕ сты, ӕмӕ лӕбурынц хӕдзарон фос ӕмӕ суанг адӕммӕ дӕр.

"Реуаз у ӕфсӕддон ӕмӕ, йӕ амондӕн, йӕ хӕцӕнгарз разынд йемӕ. Бирӕгътӕй дыууӕйы амардта, фӕлӕ уӕддӕр нӕ фӕтарстысты. Цы фӕстаг нӕмыг ма йӕм баззад, уымӕ ма бирӕгътӕй иуы фӕцӕф кодта, ӕмӕ уӕд фӕтарстысты ӕмӕ алыгъдысты", — радзырдта Sputnik РХИ геологи, экологи ӕмӕ ӕрдзӕй пайда кӕныны комитеты минӕвар Гӕззаты Юрий.

Цуанон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны конд ӕрцыд тугдзых сырдтыл цуаны сезон

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, тугдзых сырдтӕ скуынӕг кӕнын фӕдыл республикӕйы сӕрмагонд программӕ фидаргонд куы ӕрцыд, уӕдӕй нырмӕ ныццагъдӕуыд 30 бирӕгъы, фӕлӕ нырма Хуссар Иры территорийыл ис 200 бирӕгъы онг ӕмӕ сӕ лӕбурын нӕ уадзынц.

Уӕлдай тынгдӕр сырдтӕ лӕбурын райдайынц уазал рӕстӕджыты. Хъӕдты хӕринагыл куыннӕуал фӕхӕст кӕнынц, уӕд рацӕуынц хъӕуты рдӕм.

Хъорнисы цӕрӕг Хаситы Батрадз дӕр ӕхсӕвы йӕ фосы дзуг байста хъæддаг сырдтӕй.

"Хъӕуы мидӕг ӕхсӕвы фосы дзугмӕ ӕрбабырстой хъæддаг куыйтӕ. Дыууӕ дыгӕрдыгыл фӕхӕцыдысты, цалынмӕ сӕм лыгътӕн, уӕдмӕ. Нырмӕ ахӕм стыр хъæддаг куыйтыл никуы фембӕлдтӕн, растдӕр бирӕгъы хуызӕттӕ уыдысты. Стӕй ма тугдзых сырд кӕуыл фӕхӕца, уыцы стурӕн йӕ фыдызгъӕл дӕр нал бӕззы, тӕссаг у, ӕррайы низӕй рынчын куы разына", — банысан кодта Батрадз.

Тугдзых сырдтӕ скуынӕг кӕнын ӕмӕ тӕссаг низтӕ рапарахат кӕнын ма руадзыны оххыл Хуссар Ирыстоны фидаргонд ӕрцыд комплексон нысанмӕздӕхт программӕ. Уый ӕххӕст цӕудзӕн 2015-2016 азты.

Тугдзых сырд чи амара, уыдонӕн программӕйы фӕлгӕтты лӕвӕрд цӕудзысты ӕхцайы премитӕ: сыл бирӕгъ амарӕгӕн дыууӕ мин сомы, нӕл бирӕгъы ныхмӕ — иу мин ӕмӕ ӕрдӕг, сӕ къӕбылатӕ, хъæддаг куыдз ӕмӕ ӕндӕр тугдзых сырдтӕ марӕггаг та у фӕйнӕ мин сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0