ХИПУ рауагъдонтæ сӕ ахуыр адарддæр кæндзысты Таджикистан æмæ Ираны

© Sputnik / Ада БагианХИПУ рауагъдонтæ
ХИПУ рауагъдонтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кадрты хъуагдзинады аххосæй Хуссар Ирыстоны æхгæд æрцæудзæн ирон-персайнаг филологийы факультет. Ацы факультеты раздæры рауагъдонтæ сæхи цæттæ кæнынц сӕ ахуыр адарддæр кæнын Иран æмæ Таджикистаны.

ЦХИНВАЛ, 4 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты (ХИПУ) ирон-персайнаг филологийы факультеты рауагъдонтæ Хацырты Людмилæ æмæ Дыгъуызты Зӕлинæ сæ ахуыр адарддæр кæндзысты Иран æмæ Таджикистаны, фехъусын кодтой Sputnik æвзонг зонадон архайджытæ.

Ирон æмæ персайнаг æвзæгты æхсæн иумæйагдзинадмæ цымыдис разæнгард кæны ацы чызджыты персайнаг æвзаг ахуыр кæнынмæ. Ацы хъæппæрисы æвзонг рауагъдонты фарс лæууынц республикæйы сæргълæууæг, ХИПУ-йы ректор æмæ ирон филологийы кафедрæйы доцент Битарты Зоя.

Дыгъуызты Залинæ ныртæккæ кусы ирон æмæ персайнаг æвзæгты хауæнон разæгъæнты æмахастыты темæйы фæдыл диссертацийыл. Хацырты Людмилæ та ныридæгæн бахъахъхъæдта ирайнаг нæмтты фæдыл диссертаци æмæ таджиктæ æмæ ирæттæм сывæллæтты схуынды фæрæзтыл.

"Мах тынг бузныг стæм нæ ахуыргæнджытæн, уæлдайдæр та Дзотты Тамерлан, Садцайты Эльбрус, Дзиццойты Юрий æмæ Битарты Зояйӕ, перстæ æмæ аланты культурæ, грамматикæ æмæ историйы лæмбынæг кӕй амонынц, уый тыххæй", — дзурынц æвзонг æвзагзонджытæ.

Уыдоны ныфс ис, сæ фӕндтӕ сæ дарддæры ахуыр таджикаг, ирайнаг æмæ уæрæсейаг уæлдæр ахуыргæнæндæтты сæ къухты кæй бафтдзысты.

"Ирайнаг ӕвзагзонынад махæн у ног æмæ цымыдисон здæхт. Кæд мах арвитдзысты Мæскуымæ, стæй та Таджикистан æмæ Иранмæ, уæд мах бирæ æвзаджы проблемон фарстытæ рафæлгъаудзыстӕм. Ирон æмæ персайнаг æвзæгты ис тынг бирæ лексикон æнгæсдзинæдтæ, кæцыты хъæуы æнæмæнгæй сахуыр кæнын", — банысан кодта Дыгъуызты Людмилæ.

Мæскуыйы ирайнаг факультеты, стæй та Таджикистан æмæ Ираны æвзаг сахуыр кæныны фæдыл хæрдзтæ сæхимæ райсдзысты зонадон æмцæдисад ӕмӕ республикæйы хицауад.

Персайнаг, таджикаг æмæ ирон æвзæгтæ сты хæстæг æвзæгтæ, кæцытæ хауынц ирайнаг æвзæгты къордмæ.

Ирон-персайнаг факультет, кæцы бацæттæ кодта студентты æртæ рауагъд, æхгæд æрцæудзæн ацы ахуыры азы кæрон. Рагон Персы культурæ, грамматикæ, дин æмæ истори амыдтой æрмæст хуссарирыстойнаг лектортæ нæ, фæлæ ма æрхонгæ специалисттæ Цæгат Ирыстонæй. Фæлæ кадрты хъуагдзинады аххосæй факультет уæддæр æхгæд æрцæудзæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0