Цхинвалы арӕзт ӕрцӕудзӕн Ӕмкъайады галуан

© Sputnik / Юрий Куйдин /  Ахизын медиабанкмæЦхинвалы арӕзт ӕрцӕудзӕн Ӕмкъайады галуан
Цхинвалы арӕзт ӕрцӕудзӕн Ӕмкъайады галуан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дӕсгай азты фӕстӕ Цхинвалы ногӕй арӕзт ӕрцӕудзӕн ӕмкъайады галуан. Уарзӕгой удтӕ бинонты цардмӕ хиздзысты ӕмбӕлон уавӕрты - рӕсугъд галуаны, ӕвдисӕнтимӕ, Мендельсоны маршы зӕлдимӕ. Уый та алы къайӕн дӕр свӕййы иууыл райдзастдӕр мысинаг.

ЦХИНВАЛ, 8 дек — Sputnik. Цхинвалы арӕзт ӕрцӕудзӕн ӕмкъайады галуан, цыран уарзӕгой удтӕн фадат уыдзӕн цытджын уавӕры сӕ цард баиу кӕнынӕн, фехъусын кодтой Sputnik столицӕйы администрацийы.

Ирон чындзӕхсӕв - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ

Ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм азтӕй фӕстӕмӕ-иу, бинонтӕ аразгӕйӕ, чындз ӕмӕ сиахс сӕ къухтӕ ӕрфыстой горӕты администрацийы бӕстыхайы, "ЗАГС"-ы къуындӕг хатӕны. Ӕвзӕнгтӕ сӕ царды иууыл ахсджиагдӕр къахдзӕф арӕзтой мӕгуырау уавӕрты. Иуӕй —иутӕ сӕ ӕмкъайад срегистраци кӕнынмӕ цыдысты Цӕгат Ирыстонмӕ.

Ног галуан арӕзт ӕрцӕудзӕн горӕты тӕккӕ центры, Харебаты Исахъхъы уынгыл, раздӕры тауинӕгты станцӕйы бӕстыхайы. Советон дуджы фӕстӕ ам куыст ныннымӕг ӕмӕ бӕстыхай ӕрцыд ӕдзӕллаг уавӕрмӕ.

"Ацы бӕстыхай ныртӕккӕ ис аварион уавӕры ӕмӕ мӕгуырау ӕндавы столицӕйы ӕддаг бакастыл. Нӕ фӕндмӕ гӕсгӕ, хъуамӕ ам арӕзт ӕрцӕуа рӕсугъд галуан аккаг архитектурӕимӕ. Азы райдайӕны фыст ӕрцӕудзӕн бадзырд инвесторимӕ ӕмӕ уый фӕстӕ уыдзӕн бӕстон информаци арӕзтады фӕдыл", — загъта мэры хӕдивӕг Пухаты Дмитрий.

© Sputnik / Карина ГаглоеваЗдание в центре Цхинвала
Здание в центре Цхинвала  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Здание в центре Цхинвала

Ацы территори раздӕр лӕвӕрд ӕрцыд Днестргӕрон —Молдаваг республикӕйы минӕварадӕн, фӕлӕ цалдӕр азы дӕргъы ӕфсымӕрон республикӕйӕн нӕ бантыст ам ног бӕстыхай самайын.

"Днестргӕрон —Молдаваг республикӕйӕн уӕззау экономикон уавӕрты зын у минӕвӕрады бӕстыхай самайын. Ӕмӕ цӕмӕй Цхинвалы центры ацы агъуыст дзӕгъӕлы ма лӕууа, уымӕ гӕсгӕ 2013 азы территори фӕстӕмӕ раздӕхтой Хуссар Ирыстонӕн, — банысан кодта Днестргӕрон республикӕйы минӕвар Хуссар Иры Коцты Егор.

Раздӕр Цхинвалы рӕсугъддӕр ӕмӕ аивдӕр бӕстыхӕйттӕй сӕ иу уыд Ӕмкъайады галуан ӕмӕ "ЗАГС"-ы агъуыст. Галуан лӕууыд Леуахийы былгӕрон. Ныртӕккӕ йӕ бынаты уӕвынад кӕны Уӕрӕсейы минӕварад Хуссар Ирыстоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0