Фидæн аз Хуссар Иры сæрмагонд хæдзæртты арæзтад нал адарддæр уыдзæн

© Sputnik / Ада БагианАрæзтадон объект Цхинвалы
Арæзтадон объект Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
2015 азы Хуссар Ирыстоны нывæзты ис 25 сæрмагонд хæдзар саразын, фæлæ куыстытæ райдыдтой æрмæстдæр 19-ы. Фидæн аз хæдзæртты арæзтадæн фæрæзтæ хицæн нал ӕрцæудзысты, загъта РХИ-ы хицауады сæрдар.

ЦХИНВАЛ, 10 дек — Sputnik. Азы кæронмæ Хуссар Ирыстоны арæзт æрцæудзæн 19 сæрмагонд хæдзары, кæцытæ пырх æрцыдысты 2008 азы августы. Уый фæстæ сæрмагонд хæдзæрттæ сæндидзын кæныны программæ æхгæд æрцæудзæн, уымæн æмæ уый тыххæй Инвестицион нывӕзты фæрæзтæ æвæрд не сты, загъта цыппæрæмы пресс-конференцийы рæстæджы хицауады сæрдар Хъуылымбегты Доменти.

2008 азы августы хæсты рæстæджы пырх æрцыдысты æмæ зиан баййæфтой бирæ цхинвайлаг æмæ цалдæр хъæуы хæдзæрттæ. Алыгъуызон программæтæ реализаци кæныны рæстæджы цалцæг æрцыдысты 600 сæрмагонд хæдзарæй фылдæр, ивд æрцыдысты 700-мæ æввахс зианбаййафæг агъуысты. Ацы аз Хуссар Ирыстоны нывæзты ис 25 сæрмагонд хæдзар саразын, фæлæ куыстытæ райдыдтой æрмæстдæр 19-ы.

"Райдайæны сæндидзын кæныны хыгъды уыдис 98 хæдзары, кæцытæй равзæрст æрцыдысты 25. Куыстытæ дзы цæуынц æнудæсы, иннæты фæдыл сæвзæрд фарстытæ, хицауадмæ цыдысты хъæстытæ. Уымæ гæсгæ, мах ауагътам уæлæмхас басгæрст æмæ уый фæстæ райстам скъуыддзаг", — загъта министрты кабинеты сæргълæууæг.

Хъуылымбегты Доменти загъта, зæгъгæ хицауады куыст ацы къабазы къуылымпы кæнынц æдзæсгом æмбæстæгтæ, кæцытæ æрвылбон цæуынц куырдиаттимæ, цæмæй сын саразой сæ хæдзæрттæ, кæцытæ, сæ ныхæстæм гæсгæ, ныппырх сты хæсты рæстæджы.

"Уый та хæссы хъомпалдзинад, уыимæ ма ахæм адæм сты активондæр, йæ хæдзар æцæг кæмæн басыгъд, уыдонæй", — банысан кодта уый.

Хицауады сæрдар бафтыдта, иннæ æзты Цхинвалы арæзт кæй цæудзысты муниципалон хæдзæрттæ, кæцытæ бирæ æзты æнхъæлмæ кæсынц, кæд æрхæццæ уыдзæн сæ рад хæдзар райсыны тыххæй. Æдæппæт 2017 азмæ нывæзты ис эксплуатацимæ раттын 30 мин кв метрæй фылдæр цæрæнуæттæ.

"Уыцы хыгъды сты, хæдзар райсыны рады чи лæууы, уыдон æмæ сты минæй фылдæр. Уыцы хыгъд дæр хъæуы ранæуæг кæнын æмæ басгарын", — загъта уый.

Хъуылымбегты Доменти ма загъта, фидæн аз хæдзæртты арæзтад кӕй нал адарддæр уыдзæн, уымæн æмæ уый тыххæй Инвестпрограммæйы фæрæзтæ æвæрд не сты. Уыимæ иумæ банысан кодта, республикæйы бирæ кæй нал у хæдзæртты нымæц, "кæцытæ æцæгæй пырх æрцыдысты 2008 азы".

Ног хабӕртты лентӕ
0