Мидхъуыддӕгты министрады 600 кусӕджы ногазон мадзӕлтты рӕстӕджы хъахъхъӕндзысты ӕхсӕнадон фӕтк

© Sputnik / Ада БагианМидхъуыддӕгты министрады агъуыст
Мидхъуыддӕгты министрады агъуыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мидхъуыддӕгты министрад ногазон бӕрӕгбоны рӕстӕджы рахиздзӕн куысты фӕтыхджындӕргонд режиммӕ, мадзӕлттӕ цы бынӕтты цӕуой, уым ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн уӕлӕмхас постытӕ.

ЦХИНВАЛ, 29 дек — Sputnik. Барадхъахъхъӕнӕг органты 600 кусӕджы архайдзысты ӕхӕсӕнадон фӕтк бахъахъхъӕныныл ногазон бӕрӕгбонты рӕстӕджы. Мидхъуыддӕгты министрады сӕрмагонд сконд рахызт фӕтыхджындӕргонд режиммӕ, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

"Бирӕ адӕмы хайадистӕй цы мадзӕлттӕ цӕуой, уыдонмӕ хӕстӕг ӕвӕрд ӕрцӕудзысты милицийы уӕлӕмхас постытӕ. Фӕнд кӕныц сӕвӕрын ӕфсӕн ӕмбондтӕ ӕмӕ контролон-уадзӕн пункттӕ. Уадзӕн пункттыл металлодетекторты фӕрцы сгардзысты адӕмы", — загъта агентады ныхасæмбал.

Уымӕй дарддӕр ма, барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ тох кӕндзысты ӕнӕзакъонон ӕгъдауӕй хӕцӕнгарзӕй ногазон бӕрӕгбонты рӕстӕджы спайда кӕныны ныхмӕ.

"Хӕцӕнгарзӕй ногазон бӕрӕгбоны рӕстӕджы спайда кӕнын нымад цӕудзӕн ӕнӕзаконон архайыдыл", — загътой мидхъуыддӕгты министрады.

Уагдоны къухдариуӕгад радта хӕслӕвӕрд Мидхъуыддӕгты министрады экономикон фыдракӕндты ныхмӕ тох кӕныны управленийӕн, цӕмӕй массон мадзӕлттӕ кӕм цӕуа, уыдонмӕ хӕстӕг нозт уӕй кӕнын ма руадзой.

Ног хабӕртты лентӕ
0