2015 азы Хуссар Ирыстоны райгуырд 560 сабийы

© Sputnik / Ада Багиан2015 азы Хуссар Ирыстоны райгуырд 560 сабийы
2015 азы Хуссар Ирыстоны райгуырд 560 сабийы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сывӕллӕттӕй 360 райгуырд Цхинвалы гуырӕн хӕдзары, аннӕтӕ та республикӕйы ӕддейӕ.

ЦХИНВАЛ, 19 янв — Sputnik. Ивгъуыд аз Хуссар Ирыстоны рухсмӕ фӕзынд 560 сывӕллоны, уыдонӕй 360 сабийы райгуырдысты Цхинвалы гуырӕн хӕдзары, 200 та республикӕйы ӕддейӕ, фехъусын кодта Sputnik сывӕллӕтты сӕйраг дохтыр Тадтаты Людмила.

"Ацы бӕрӕггӕнӕнтӕ нырма гӕнӕн ис, ӕмӕ фӕивой фылдӕрырдӕм, уымӕн ӕмӕ фӕсарӕнты чи райгуыры, уыдон Цхинвалы сывӕллӕтты республикон поликлиникӕйы сӕ ныййарджытӕ срегистраци кӕнынц фӕстиӕттимӕ", — радзырдта Тадтаты Людмила.

Сӕйраг дохтыры ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Иры азӕй-азмӕ рӕзы гуырынад.

"Зӕгъӕм, кӕд 2012 азы цардмӕ фӕзынд 572 сабийы, уӕд 2014 аз та — 638", — загъта уый.

Тадтаты Людмила ма куыд банысан кодта, афтӕмӕй фӕстаг дыууӕ азы фӕкъаддӕр ис, арынмӕ Цӕгат Ирыстоны гуырӕн хӕдзӕрттӕм цы сылгоймӕгтӕ ацӕуынц, уыдон нымӕц.

Ног хабӕртты лентӕ
0